Иосебидзейы уынгыл автомобилты змæлд уыдзæн ивд
Кутателадзейы уынгыл реабилитацион куыстыты фæуды фæстæ, абон Кутателадзе æмæ Иосебидзейы уынгы Кутатели- Каландадзейы хайыл иуфарсон змæлды уыдзæн ивд. Уый фæдыл информаци Тбилисы мэрия парахат кæны.
Абонæй Кутателийы уыгыл автомобилтæ Шартава æмæ Хвичиайы уынгтæй бацæудзæн, кæцыйæ змæлд Иосебидзейы уынгыл адаргъ кæндзысты, Каландадзе æмæ Иосебидзейы уынгтыл змæлдзысты – Пекиныл кæнæ та комкоммæ – Иосебидзейы уынгыл.
Тбилисы мэрийы информацимæ, Каландадзейы уынгæй Иосебидзейы уынгыл змæлд къуылымпыдзинæдтимæ уыдзæн.