Иорданийы парламенты Гуырдзыстоны фыццаг демокративон республикайы 100 азон юбилейы фæдыл резолюци райстой
Иорданийы парламенты Гуырдзыстоны фыццаг демокративон республикайы 100 азон юбилейы фæдыл резолюци райстой
Иорданийы парламенты æттаг хъуыдтæгты, базарад æмæ хихъахъæнады иумæйаг комитет Гуырдзыстоны демократион республикайы 100 азон юбилейы резолюци иухъæлæсонæй райста. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад парахат кæны.
Минитсрады сбæлвырд кодтой, цæмæй Ирландийы æттаг хъуыдтæгты , базарад æмæ хихъахъæнады иумæйаг комитеет гуырдзийаг адæмæн арфæ кæнынц хæдбардзинады расидынæй 100 азон юбилей, райгонд у Гуырдзыстон æмæ Ирландийы æхсæн политикон æмæ секторон æмкуыстдзинады рæзтæй, парламентты æхсæн æмкуыстдзинады интенсификацийæ æмæ йæ фарсыл хæцы дыууæфарсон базарадон, экономикон æмæ инвестицион æмкуыстдзинады размæцыдæн.
Æттагхъуыдтæгты министрады информацийæ, резолюцийы стыр хъусдард ис Гуырдызстоны территорион æнæхъæндзинад, уæрæсейы окупаци æмæ 2008 æм азы 12-м августы æхст фæурæды фæдыл бадзырды æнсыххæсты фасртайыл – резолюцийы ис бæлвырдгонд Ирландийы фарсылхæцындзинад гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверинитетæн.
Уагдоны информацийæ, резолюцийы хорз аргълæвæрд ис Гуырдзыстоны хицауады фæстаг рæстæджы арæзт реформæтæ демократийы консолидаци, адæймагы барты хъахъæд, законы уæллагдзинад, медийы сæрибардзинад æмæ хицауады гомдзинад æмæ тæрхондоны хæдбардзинады къуымæй.
Афтæ дæр резолюцийы аргълæвæрд ис Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ интеграцийы тырнындзинады фæндагыл арæзт къахдзæфтæ.