ИНО-йы адæймагы барты совет Гуырдзыстоны окупиргонд регионты уæвæг уавæры фæдыл тыхстдзинад расидтис æмæ адæймагы барты мониторинг æркуырдта

ИНО-йы адæймагы барты совет абон Гуырдзыстоны фæдыл резолюци «Æмкуыстдзинад Гуырдзыстонимæ» райста.

Резолюци ИНО-йы адæймагы барты совет рабадтыл æттаг хъуыдтæгты министры фыцаг хæдивæг Давид Залканиани бавдыста.

Гуырдзыстоны æттаг хъуыддтæгты министрады сидынц, сæ ныхасæй рацыды рæстæджы Залканиани Гуырдзыстон æмæ ИНО-йы адæймагы барты уæллаг комисары офисы æхсæн уæвæг æввахс æмкуыстдзинадыл фæныхас кодтой.

Давид Залкъаниани делегаттæм инофрмаци алæвæрдта Абхази æмæ Цхинвалы регионты уæвæг уæззау гуманитарон ситуаци æмæ фæныхас кодта окупацион режимы æрдыгæй Гуырдызстоны æмбæстагы Арчил Татунашвилийы лæгмарды фактыл. Уый афтæ дæр банысан кодта, цæмæй  æнæкæсгæ ивгъуыд азмæ совет комкоммæ басидтис уæллаг комиссары офисмæ Абхази æмæ Цхинвалы  регинтæм бацыды фадат раттын, окупацион тыхтæ нæ бауагътой  ИНО-йы æмæ æндæр æппæтдунеон организациты мониторингы бацыд регионтæм.

Резолюцийы ис фыст Уæллаг комиссары 2017-æм азы хаццæгы æвдыст аргълæвæрдтæ æмæ хаххгонд у Гуырдызстоны регионты эффектон контролы тыхы дзуаплæвæрд –  сыххæст кæна бынатыл адæймагы фундаменталон барты æмæ сæрибардзинады хъахъæд.

Резолюцийы адæймагы барты советы расидтис сериозон тыхстдзинад Гуырдызстоны Абхази æмæ Цхинвалы регионты этникон нысанæй дискриминаци, мадæлон æвзагыл рухсады райсты тобæдзинад æмæ этникон гуырдзийæгты хæдзæртты пырх.