Иннæ къуырийы Гуырдзыстоны фæуазæг уыдзæн АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдар

10:07, 13.10.2021

Америкæйы  Иугонд Штатты   хъахъхъæнынады  нымæрдар  Ллойд  Остин  официалон визитæй  Гуырдзыстонмæ  фæуазæг уыдзæн.  Уый  фæдыл  Пентагоны официалон   минæвар райхъусын кодта.

Пентагоны  куыд хъусын кæнынц   афтæмæй,   АИШ хъахъхъæнынады  нымæрдар иннæ къуырийы  Европæмæ балц кæндзæн.  Визиты фæлгæтты   Ллойд Остин  фæуазæг уыдзæн Гуырдзыстонмæ, Украинамæ æмæ Румынимæ, йæ  визиттæ та фæуыдзæн  Брюсселы хъахъхъæнынады  министериалыл.

Ллойд Остины визиты  бæлвырд датæ нырмæ  бæрæг нæу.

 

Хуыздæр