Инфраструктурон куыстыты тыххæй  Акакий  Цъеретелийы проспектыл автомобилон змæлд  абон 23:00 сахатæй  хайгай  арæнгонд уыдзæн
Инфраструктурон куыстыты тыххæй Акакий Цъеретелийы проспектыл автомобилон змæлд абон 23:00 сахатæй хайгай арæнгонд уыдзæн

Дидубейы районы, Акакий Цъеретелийы   проспекты æмæ Шота Шаликашвилийы   номыл   хиды  реабилитаци райдайы.  Фæнысангонды  тыххæй   Тбилисы мэриа  публикаци кæны фидиуæн.

Мэриайы хъусинагæй,   плангонд  инфраструктурон куыстыты  тыххæй, 19 апрелы, 23:00 сахатæй   Цъеретелийы  проспектыл   автомобилон  змæлд хайгай  арæнгонд уыдзæн.

«Реабилитацийы  периоды, автомобилты  æмæ  æхсæнадон  транспорты  змæлдæн Акакий Цъекретелийы   проспектыл    змæлд дыууæфарсон уыдзæн, алы  æрдæмадæн   рахизæн уыдзæн   æрмæст иу  хахх.

Уыимæ   бахъуаджы цауы,  периодонæй   æхсæвы сахатты, 00:00 сахатæй   07:00 сахатмæ, змæлд арæнгонд уыдзæн   куыд Григол Робакидзейы   проспектæй  галиу донбылы  æрдæмадæй   автомобилтæн, афтæ  галиу  донбылæй  Цъеретелийы  æрдæм, Дидубейы  автостанцæйы  алфæмбылæйтты бацæуæг  къадатæн.

Реабилитацион куыстытæ  цас  уæззау  уыдзысты уымæ гæсгæйæ,    алыварс уынгтæй  Акакий Цъеретелийы  проспекты  æрдæм змæлд   периодонæй   арæнгонд уыдзæн,  цæй фæдыл дæр   æхсæнадмæ  информаци   этапгай лæвæрд цæудзæн», –   хъусын кæнынц  мэриайы.