Инфекцион рынчындоны уæвæг Ираны æмбæстæгтæн короновирус нæ сбæлвырд ис
Инфекцион рынчындоны уæвæг Ираны æмбæстæгтæн короновирус нæ сбæлвырд ис
Уый фæдыл низты контролы центры къухдариуæг Амиран Гамхърелидзе расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, алы иртаст фæцис æмæ короновирус не сбæлвырд ис.
Низты контролы националон центры къухдариуæг, Амиран Гамхърелидзейы информацийæ, инфекцион рынчындонмæ знон Иранæй æрцæугæ æртæ æмбæстаг бакодтой, кæцытæ иу бинонты уæнгтæ сты.
Йæ информацийæ, æртæ дæр сты Ираны æмбæстæгтæ.
«Мад æмæ дыууæ сыввæлон, кæцытæ Иранæй æрцыдысты. Афтæ дæр бæлвырд кæнын, цæмæй Ираны ситуаци фыддæр кæны короновирусы фæдыл. Фæстаг бонты мидæг официалонæй бæлвырдгнод у деталон цаутæ. Хъуыды кæнæм специалон мадзæлттæ ауагъдыл. Ууыл министрад æмæ æндæр уагдæттæ кусынц, уымæн æмæ Иран нæ сыхаг бæстæ у. Интенсивон змæлд æхæхст кæны нæ бæстæты æхсæн. Кæд æмæ Ираны эпидемион уавæр фæфыддæр уыдзæн, уæд кæй зæгъын æй хъæуы къахдзæфтæ уыдзысты вæрд.
Уыцы æртæ адæймагмæ та цы хауы, иумæ уыд температурæ æмæ симптомæ æмæ уымæн æрцыд уыдоны æргъæвд инфекцион рынчындонмæ» -раисдтис Гамхърелидзе.