Инфекцион рынчындоны 17 пациенты анализтæм æнхъæлмæ кæсынц
Тбилисы инфекцион рынчындоны боксы ацы рæстæгмæ 45 пациент ис – уый фæдыл журналисттæн Тбилисы инфекцион рынчындоны директор Марина Эзугбая расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, æнæивгæ у инфициргондты нымæц. Тбилисы инфекцион рынчындоны бæстæйы уæвæг 24 инфициргондæй 21 ис.
12-аздзыд сыввæлоны уавæр дæр стабилон у.