Инфекцион рынчындонæй, сом  æнхъæлцау ноджы  фондз адæймагы рафысдзысты, уыдон æнæхъæнæй сдзæбæх сты
Инфекцион рынчындонæй, сом æнхъæлцау ноджы фондз адæймагы рафысдзысты, уыдон æнæхъæнæй сдзæбæх сты

Коронавирусæй   инфицргонд  фондз пациенты тесттæ,  æппæрццаг  дзуапп равдыстой. Уый фæдыл Гуырдзыстоны   Фыццаг Каналæн    Тбилисы  инфекцион рынчындоны  боксиргонд   хайады хистæр, Марина  Энеделадзе  фехъусын кота.

Энделадзейы  дзырдæй,   зæгъгæ  Тбилисы   инфекцион  рынчындоны  боксиргонж  хайадæй,  уыдон  æнхъæлцау  сом  рацæудзысты.

«Абон изæр  райстам  дзуаппытæ,  вирус  сæм нæ фæбæрæг ис, дзуапп æппæрццаг у.  Фæлхатгæ  тест  нал хъæуы,  нырма  хъæуы  лабораторион   басгæрст. Æдæр анализтæ дæр сгарæм,  радиологион  иртсæн  ауадздзыстæм фæлхатгæйæ, уымæн  æмæ сæ нымæцы   иу  уыдис  тынг уæззау, рæуджыты судзаг йын уыд æмæ   компьютерон томографи  саразын хъæуы,  цæмæй  йæ  рабæлвырд кæнæм æмæ йæ  фæстагмæ  рафыссæм  рынчыдонæй.  Ацы фондз пациент  æнхъæлцау  сом ацæудзысты клиникæйæ.  Сæ  иу хай   сæумæрасомæ, иннæ  хай  та  изæрмæ» – загъта Марина Энделадзе.

Мтгæй  райсгæйæ  Гуырдзыстоны  коронавирусæй фæрынчыны  54  цау  у  фиксиргонд.  Фæрынчынуæвджытæй  чи сдзæбæх ис уыдоны  официалон нымæц   ацы афонмæ уыд  3.