Индонезийы  бæлццонон хæтдтæхæг кæцыйы бортыл уыд 189  адæймаг,  катастрофæ бавзæрста
Индонезийы бæлццонон хæтдтæхæг кæцыйы бортыл уыд 189 адæймаг, катастрофæ бавзæрста

ИНдонезиаг авиакомпани  Lion Air-ы сæрмагонд  бæлццонон хæдтæхæг,  катастрофæ  бавзæрста.  Индонезийы  ирвæзынгæнæг  агентады  информацийæ,  Boeing 737-ы  типы   хæдтæхæг æххæст кодта мид рейс  сæйраг сахар ДЖакартайæ сакъадах  Бангкайы  æрдæм.

Индонезийы  транспорты министрады  дзурынц, ома   хæдтæхæгы бортыл   экипажы  уæнгтимæ иумæ  уыд  189  адæймаг.

Ахæлиугонд хъусинагæй,  хæдтæхæг денджызы  ныххауд  йе стæхынæй  13 минутмæ. Авиакатастрофæйы  рæстæджы  хæдтæхæг тахтис  1100 метр бæрзæндыл.

Индонезийы  хицауад  денджызы  агурæн-ирвæзынгæнæн   операци райдыдта.