Индийы парламентон æвзæрстыты хицаугæнæг альянс фæуæлахиз ис. Бæстæйы Централон æвзарæнон камисы бæрæгггæнæнтæй, «Наицонал-Демокративон Альянс» ног парламенты 543 бынатæй минимум 310 бацахсдзæн. Уый та нысан кæны, цæмæй хицаугæнæг альянсæн парламенты уыдзæн фылдæры хай.
Развæлгъау бæрæггæнæнтæй 100 мандаты райсдзæн оппозицион «Иугонд Прогрессивон Альянс». Халæппæрсты кæронбæттæн фæстиуджытæ абон изæр фæбæрæг уыдзысты.
Индийы парламентон æвзæрстыты 2000 парти æмæ 8000 кандидат истой хайад. Индийы хъæлæс кæныны бар ис 900 милуан æвзæрстгæнæгæн.
Парламентон æвзæрстытæ Индийы цалдæр турæй ацыд, æмæ æмтгæй райсгæйæ процесс, мæййæ фылдæр даргъ кодта.