Индийаг рауагъдад Deccan Herald фыссы Гуырдзыстоны туристон æрдæмады тыххæй
Туризмы национ администрацийы хуындæй Гуырдзыстоны уыд популярон индийаг рауагхдады «Deccan Herald»-ы журналист, Калпана Сандер. Журналист Гуырдыстоны туристон потенциалы, культурæйы æмæ кулинарийы фæдыл цалдæр стати æрцæттæ кодта, – информаци хъусын кæны туризмы национ администраци.
«Гуырдзыстоны сæйраг горæты спа-культурæйы аныгъуылын уын уæ рыстытæ сдзæбæх кæндзæн. Нарихъалайы бын уæвæг Абанотубаны уæлдæф, лæхъуг рæвдуæтты смаг кæны, бирæтæ нæ зонынц, цæмæй Тбилисы сондон суадæтты уæвыны фæдыл, кæцы зæххыбынæй хъары. Растдæр термикон суадæтты уæвыны тыххæй уыд бындурæвæрд Тбилис. Геотермикон суадæттæ Гуырдзыстоны сæйраг горæты культурæйы æмæ идентондзинады æнæраскъуынгæ хайæ ссис. Европæйы æмæ Азийы алвæндагыл уæвæг Тбилисы сондоны суадæтты тыххæй дзырдæуы горæты культурæйы, музыкæ æмæ поэзийы дæр æвдыст», – фыссы Deccan Herald-ы журналист æмæ деталонæй радзырдта Тбилисы историйы, горæты зæронддæр сыхты, абанæты æмæ Тбилисы балнеологион спа-курорты тыххæй, кæцыйы уазæгуат уыдысты бирæ номдзыд адæймæгтæ, сæ нымæцы Индийы премьер-министр Индира Ганди.