Индексты хауды тыххæй, Нью-Йоркъы фондон биржæйыл базарад рæстæгмæ фæкуылмпы ис
Индексты хауды тыххæй, Уолл Стриты фондон биржæйыл абон базарад 15 минутæй фæкуылымпы ис.
Базарад райдаынæй цыбыр рæстæгмæ, æртæ сæйраг индекс: «Доу Джонс» -7.4%, «Эс энд Фи» – 6%, «Насдак» та 6,9 процентæй æрхаудтой.
Нью-Йоркы фондон биржæйыл базарад иу къуырийы мидæг нырид дыккæгæм хатт фæлæууыд.
Коронавирусы ахæлиуы превенцийы нысанæй. АИШ-ы хицауад Каиптолийы æмæ парламенты дыууæдæр палатæйы кусæн офисын æмæ бæстыхæйтты æрыхгæнын аскуыддзаг кодта. Арæнæвæрд аххæсдзæн апрелы онг.
Афтæма вирусы тыххæй, рекордон хауд сфиксир ис Европæйы биржæты дæр. Немыцаг «Дакс» 9.6 процентæй æрхауд, кæцы 1987 азы фæстæ, фыццаг хатт æрцыд. 9.8 процентон фæкъаддæр сфиксир ис францаг «Сиэйси 40»-ы, Британийы «Эф-Ти-Си» та 9 процентæй фæкъаддæрдæр ис.