Ильхам Алиев – бузныг стæм нæ гуырдзиаг хæлæрттæн, Азербайджанæй Гуырдзыстоны уылты Сомихмæ товарты бахасты  транзит кæй сарæзтой
Ильхам Алиев – бузныг стæм нæ гуырдзиаг хæлæрттæн, Азербайджанæй Гуырдзыстоны уылты Сомихмæ товарты бахасты транзит кæй сарæзтой

Иугæнæг проекттæ æмæ къæлидортæ нæ ноджы тынгдæр баиу кæндзысты, кæрæдзийæ баст нæ кæндзысты, Хуссар Кавказы бынтон ног уавæр сараздзæн, цы ран Азербайджан, Гуырдзыстон æмæ Сомихыстон райдайдзысты æмкуыстдзинад æртæвæрсыг бындурыл – расидтис Азербайджаны президент Ильхам Алиев Мюнхены æдасдзинады конференцийыл.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, фарон Азербайджаны уылты рекордон нымæц транзитон иуæгтæ ахызтысты, кæцы Ныгуылæны Скæсæнимæ иу кæны æмæ регионæн фылдæр пайда хæссы.

«Азербайджаны бынат Европæ æмæ Азийы æхсæн у авналæн, фæлæ æнæ физикон инфраструктурæйæ уый ницы нысан кæны. Афтæмæй, фарон Азербайджаны уылты ахызт транзитон иуæгты рекордон нымæц, 100 000-æй фылдæр. Æмæ цалдæр азы фæстæ, ацы нымæц сырæздзæн 200 000 онг æмæ суанг 300 000-мæ, Армени сабырадмæ бахæццæ уыдзæн. ног гæнæнтыл хъуыды кæнын, Азербайджанæй Сомихстонмæ æмæ уый фæстæ та Европæйы нысаниуæгджын бынæттæм цы къæлидор цæуы, уымæн дæр ис стыр потенциал уæзты бæрцæй.

Азербайджан, кæцы йæ ​​территорион æнæхъæндзинад сног кодта, æфсæнвæндаджы амадмæ инвестицитæ æвæры. Арæзт æмæ сног кæнинаг æфсæнвæндаджы иумæйаг дæргъ у 600 километры» – райхъусын кодта Азербайджаны президент.