Ильхам Алиев – Азербайджан  Гуырдзыстоны ставддæр  инвестор у,  кæцы нын амоны Гуырдзыстоны  сеппæтæй  хуыздæр инвестицион климат кæй ис уый
Ильхам Алиев – Азербайджан Гуырдзыстоны ставддæр инвестор у, кæцы нын амоны Гуырдзыстоны сеппæтæй хуыздæр инвестицион климат кæй ис уый

Гуырдзыстоны  æмæ   Азербайджаны  æхсæн базарадон зилдух   æрвылазонæй  рæзы,  Гуырдзыстоны сæххæстгонд   инвестициты бæрцæй та, Азербайджан  фыццаг бынатыл ис,  кæцы уæ бæстæйы   уæвæг сеппæтæй  хуыздæр инвестицион  климатыл  амоны –  уый тыххæй   Азербайджаны   Республикйы президент  Ильхам Алиев,  Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Квирикашвилиимæ  фембæлды  фæстæ райхъусын кодта.

Азербайджаны  президент   Гуырдзыстоны   премьер-миинистр  визиты нысаниуæг æмæ  дыууæафрсон  ахастыты   бæрзонд æмвæзад бахахх кодта.

«Уырнæг  дæн,  уæ визит Гуырдзыстон-Азербайджаны  ахастыты  райтынгы  нысаниуæгджын  хайбавæр бакæндзæн.  Æндæр æмæ æндæр сферæты   æнтыстджынæ мæкуыст кæным.  Райгонд дæр  цæмæй   базарадон зилдух рæзы,  Азербайджан фыццаг бынатыл ис  уыцы бæстæты æхсæн  кæцытæ   инвестицитæ æвæрынйц Гуырдзытоны. Уымæй бæрæг у,  цæмæй  уæм  сеппæтæй   хуыздæр   инвестицион  климат  ис.  Цæй зæнгъын æй хъæуы,   мах иу кæны  глобалон нысаниуæгы   бирæ проект,  уый нымæцы  иуæй-иу у Баку-Тбилис-Хъарсы проект,  кæцыйы  октябры  бæрæгбононæй  байгом кодтам.  Ацы аз та  хуссары  газы къæлидоры  TANAP-ы проекты  реализаци, нæ  æмкуыстдзинады  бирæ бæрзонддæр æмвæзадмæ скæндзæн.  Нæ æмкуыстдзинад æнææрмæст   регионон, фæлæ ма глобалон æмвæзадыл дæр рæзы, не хсæн ацы  хъарм ахастытæ  фидæны дæр  лæккад кæндзысты   нæ адæмты  дзæбæхдзинадæн.   Ноджы  уын иу хатт арфæ кæнын æмæ   уырнæг дæн цæмæй ацы визитæн уыдзæн егъхау нысаниуæг,  нæ ахастыты фæстæдæр   райтынгы» –   загъта  Ильхам Алиев  Гиорги Квирикашвилийæн.

Азербайджаны республикæйы    президентæн хъарм  фысымдзинады  тыххæй   бузныг  дзуры  Гуырдзыстоны   премьер-министр  æмæ  дыууæ бæстæйы  æхсæн уæвæг    экономикон  ахастыты райтынгы динамикæйы æрдæм раздæхта хъусдард.

«Азербайджанмæ визит   махæн кæддæриддæр  уыдис сæрмагонд фæзынд,  уымæн æмæ   Азербайджан Гуырдзыстонæн  у  сæрмагонд стратегион партнер.  Афтæдæр у Гуырдзыстоны инвестицион партнерты æхсæн фыццаг.   Æфтауцæй мæ  фæнды  зæгъын  цæмæй  амæйразмæ  публикацигонд статистикон бæрæггæнæнтæй,   Азербайджан  визиторты æрдгæй  дæр фыццаг бынатыл ис,  кæцыйæ тынг райгонд стæм.  Стратегион  проектытæ, кæцыты  кой ракодтат – Баку-Тбилис-Хъарсы  проект,  ххуссар газы  къæлидоры  проект,  кæцы фæстæдæр   Трансанатолиаг  æмæ   Трансадриатикон  газдадзæнæй  Европæимæ сбæттдзæн,  иттæг  нысаниуæгджын   у, куыд экономикон, афтæ геостратегион  цæстæнгасæй дæр.  Иттæг нысаниуæгджын у  регионон форматтæ   политикон, экономикон   ахастыты æрдгæй.   Глобалон форматты  Гуырдзыстон  кæддæриддæр æнцой дары Азербайджаны  позицитæн æмæ  уый афтæ хъуамæ  уа  мах стратегион партнерадæй рацæугæйæ. Фæнды мæ   афтæдæр   раарфæ уын кæнон  ыццаг Республикæ расидынæй 100 азы юбилей. Ай Гуырдзыстонæн æмæ Азербайджанæн  дæр  иттæг нысаниуæгджын  датæ у æмæ ныфсджын дæн  цæмæй йæ мах   аккагæй  сбæрæгбон кæндзыстæм» –  расидтис  Гуырдзыстоны премьер-министр.

Гуырдзыстоны премьер-министры æмæ Азербайджаны  Республикæйы   президенты фембæлд,  «Загульбайы»  галуаны сырæзт.