Ильхам Алиев – Азербайджан æмæ Сомихыстоны  æхсæн ахастыты   номрализацийæн серьозон разæууæлттæ ис
Ильхам Алиев – Азербайджан æмæ Сомихыстоны æхсæн ахастыты номрализацийæн серьозон разæууæлттæ ис

Азербайджаны  президент Ильхам Алиевы фидиуæнæй,   Азербайджаны æмæ Сомихыстоны æхсæн  ахастыты нормализацийæн  серьозон  разæууæлттæ  ис.  Уый фæдыл   Алиев   Евразийы   бæрзонддæр   экономикон советы   ауæрæхгонд форматы уагъд рабадтыл   фæныхас  кодта.

«Ис  серьозон разæууæлттæ  Азербайджан æмæ Сомихыстоны æхсæн ахастытæ  нормализацийæн, территорион æнæхъæндзинады дыууæфарсон банымады æмæ суверенитеты  бындурыл.  Абон уырыссаг фарсы инициативæйæ  ацæудзæн   æртæфарсон фембæлд Уæрæсейы, Сомихыстоны æмæ Азербайджаны  лидерты æхсæн», –   райхъусын кодта Азербаджаны президент.

Уыимæ, Азербайджаны   медийы  хъусинагæй, Ильхам Алиев  Евразийы   бæрзонддæр экономикон советы  рабадтмæ  хуынды  тыххæй  Владимир Путинæн бузныг загъта.