Илья Дыккаг - Æндæр æмæ æндæр тыхтæ  архайынц  æндæвдад райсын  æмæ сæрмагонд идеологи ауадзын,  адæм та, æнхъæлмæ кæсынц æвæрццаг ивдтытæм
Илья Дыккаг - Æндæр æмæ æндæр тыхтæ архайынц æндæвдад райсын æмæ сæрмагонд идеологи ауадзын, адæм та, æнхъæлмæ кæсынц æвæрццаг ивдтытæм

Æндæр æмæ æндæр тыхтæ  архайынц  æндæвдад райсын  æмæ сæрмагонд идеологи ауадзын,  адæм та, æнхъæлмæ кæсынц æвæрццаг ивдтытæм, –  уый фæдыл  Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Мцхета-Тбилисы сæйраг эпископ, Бичъвинта æмæ Цхум-Абхазы митрополит  Илья Дыккаг, фыстæджы мидæг фыссы.

Илья Дыккаг  фыстæг арвыста Гиорги Гахариамæ,  кæцыйы мидæг йын арфæ  кæны  Гуырдзыстоны премьер-министрæй  суæвын.

«Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуан  æмæ сæрмагондæй   мæ номæй,   зæрдиагæй  уын арфæ кæнын  премьер-министрæй   суæвын.  Ай  у тынг  бæрзонд  цыт æмæ уыйимæ иумæ иттæг ахсджиаг  бынат.

Хæдбардзинад ногæй рацаразыны фæстæ  нæ бæстæйы  тынггонд политикъон процесстæ  никуы æрынцадысты;  уый  æмбаринаг дæр у, уымæн æмæ  æндæр æмæ æндæр тыхтæ  архайынц  æндæвдад райсын  æмæ сæрмагонд идеологи ауадзын,  адæм та, æнхъæлмæ кæсынц æвæрццаг ивдтытæм. Хъыгагæн ацы  рæстæджы дæргъы нæ бантыстис  цæрджыты  цардуагон  пробьлемæты  аскуыддзаг, социалон уавæр  фæухыздæр кæнын, националон хæзнатыл размæ рахæцын,  наци  баиу кæнын æмæ бæстæйы территорион æнæхъæндзинад сæндидзын кæнын.

Ныфсæй  стæм, цæмæй  нæ  тынг уæззау  периоды,  уæхи æмæ Гуырдзыстоны  хицауады  тыхархайд здæхт уыдзæн   фæнысангонд тынг нысаниуæгджын   проблемæтæ аскуыддзагы æрдæм. Хуыцауы хорзæхæй  æнтысджын ут Хуыцауæн æхсызгон  хъуыддæгты», –   дзырдæуы Илья Дыккагы  фыстæджы.