Илья Дыккаг - ацы 40 азы уыдысты тынг уæззау, æмæ бузныг алкæмæн, æнæсымах æз аййас хъуыддæгтæн нæ бахъом уыдаин
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Илья Дыккаг патриархæй суæвыны 40 азы юбилеймæ гæсгæ арфæты тыххæй бузныг дзуры.
«Мæнæн, цæй зæгъын æй хъæуы, тынг цин сты ацы арфæтæ. Алкæмæн дæр бузныг æмæ мæн фæнды зæгъон цæмæй, ацы 40 азы уыдысты сегасæй уæззау азтæ, фæлæ Хуыцауы руаджы мах ацы азтæ рацыдыстæм æмæ сæ нæ фæстæ фæуагътам. Уе рдыгæй аййас æххуыс æмæ уарзондзинад куы нæ уыдаит уæд æз аййас хъуыддаг саразын нæ бафæрæзтаин.Мæ зæрдыл ралæууыд иу цау, Германийы куы уыдтæн, уæд мæм студенттæ рбацыдысты æмæ мын сæ иу загъта – Зынаргъ Патриарх Афтæ дам дæ уарзын куыд Гуырдзыстон. Бузныг уын алкæмæн дæр, чидæриддæр кувы мæнæн æмæ мæн тыххæй, ай тынг зынаргъ у мæнæн. Хуыцауæй фæдзæхст ут» – расидтис Илья Дыккаг.
Абон æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы, Илья Дыккагы, патриархæй суæвынæй 40 азы сæххæст.
Бæрæгбонон литургийы Патриарх, аргъуанархайджытимæ иумæ Светицховелийы кафедралон аргъуаны æххæст кæны.