Илиа Дыгкагыл 87 аз сыххæст
Абон, цыппæрæм январы Гуырдызстоны Каталикос Патриарх Илиа Дыгкагы райгуырæн бон у. Абон ууыл 87 аз сыххæст ис.
Илиа Дыгкаг 1933 азы цыппæрæм январы Владикавказы, Гиоргий Гъудушаури -Шиолашвили æмæ Наталия Къобаидзейы бинонты райгуырд. 1952 азы фæцис Владикавказы 22-æм скъола æмæ ахуыр мæскуыйы семинарийы адаргъ кодта, кæцыйы 1960 азы фæцис. 1957 азы 16-æм апрелы Тбилисы, Александре Невелы номыл аргъуанмæ сауджынæй ацыд æмæ йын ном Илиа раттой. 1963 æм азы 26-æм августы Гуырдызстоны уæды Патриарх Ефрем дыгкаг Батумы эпархийы снысан кодта, 1967 азæй та Цхум-Абхазийы эпархимæ аргъæвтой, кæцыйæн 11 аз къухдариуæг кодта.
Каталикос Патриарх Давид фæндзæмы мæлæты фæстæ 1977 азы 23-æм декабры Гуырдзыстоны аргъуаны Синод æхгæд халæппæрсты рæстæджы митрополит Илиайы Патриархæй сывзæрстой. Интронизаци уыцы азы 25-æм декабры Светицховелийы кафедралон аргъуаны сырæзт.