Илиа Дарчиашвили – Вильнюсы  нын уыдис фадат партнертимæ иумæ  фæныхас кодтаиккам  уыцы хъæуындзинæдтыл æмæ æдадсзинады æрдгæй быцæусидтытыл, кæцыты раз лæууы нæ бæстæ
Илиа Дарчиашвили – Вильнюсы нын уыдис фадат партнертимæ иумæ фæныхас кодтаиккам уыцы хъæуындзинæдтыл æмæ æдадсзинады æрдгæй быцæусидтытыл, кæцыты раз лæууы нæ бæстæ

Уыдис  нын фадат нæ партнертимæ фæныхас кодтаиккам уыцы хъæуындзинæдты æмæ æдадсзинады  æрдгæй быцæусидтытыл, кæцыты раз абон нæ бæстæ  лæууы æмæ  мæ  хъуыдымæ гæсгæ ацы  платформæ  ног импульс   æрхæсдзæн нæ  ахастыты, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  райхъусын кодта.

Илиа Дарчиашвили   куыд банысан кодта афтæмæй,   НАТО-йы   саммиты   фæлгæтты  Гуырдзыстоны делегацийы   визит  дарддæр кæны.

«Дыккаг бон нын уыдис  фадат,  ауагъдаиккам   фембæлдтæ нæ партнертимæ. Дыууæфарсон  фембæлдтæ   абон  райдыдтой  тынг цымидисон   ног платформæйæ, кæцыйы нын банхъарыд   Данийы фæсарæн хъуыддæгты министр,  нордикон бæстæтæ æмæ Гуырдзыстоны иумæйаг  платформæ, кæцыйыл нæ партнертимæ иумæ  фæныхас  кодтам, ц æмæй куыд  ис гæнæн ацы бæстæты  стынг кæнын, куыд ис гæнæн, цæмæй  нордикон  бæстæтæ ноджы фылдæр  баххуыс уой  Гуырдзыстонæн.  Афтæдæр ма нын уыдис  фадат, партнертимæ æрныхас кодтаиккам уыцы хъæуындзинæдты æмæ æдасдзинады  быцæусидтытыл, кæцыты раз  абон нæ бæстæ  лæууы, мæ  хъуыдымæ гæсгæ ацы  платформæ  ног импульс   æрхæсдзæн нæ  ахастыты. Афтæдæр нын уыдис фадат   Иугонд Паддзахады  æддагон нымæрдаримæ  фембæлын, уыдис ма  фадат   Финляндийы  æмæ Эстонийы   ногнысангонд  министртимæ базонгæйы равгы  фембæлд ауадзын.  Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, тынг   цымидисон   диалог нын уыд. Уыдис  мын фадат, алы уыцы   фарстайыл сцырын кæнын хъусдард, кæцытæ абон  нæ  бæстæйы  бонвæткы  сты.  Сæйраг акценттæ уыдис  æддагон  политикон приоритеттæ, уыцы быцæусидтытæ, кæцыты  раз лæууы  бæстæ, уыцы реформæты бонвæтк, кæцыйы хæсист  æвæрд ис нæ хицауадыл уый тыххæй, Европаг  æмæ евроатлантикон  интеграцийы фæндагыл,  цæмæй  бæстæ  æнтыстджын уа», – загъта Дарчиашвили.