Илиа Дарчиашвили – Украинайы уынаффæ  æнæмбаргæ æмæ æнæбындур у,  хæлæрттæмæ ахæм ахаст не мбæлы
Илиа Дарчиашвили – Украинайы уынаффæ æнæмбаргæ æмæ æнæбындур у, хæлæрттæмæ ахæм ахаст не мбæлы

Адарддæр кæндзыстæм  Украинайæн фасрхæцын, ныры онг куыд уыдис афтæ. Активонæй æххуыс кодтам Украинайæн  гуманитарон  цæстæнгасæй,   политикон,  дипломатон   хаххæй,  уый у нæ  бæрн, нæ  цæсгомджын ахаст   партнермæ.  Мах æрдæм иунæг  æнæбæрнон  ахаста, кæнæ уынаффæ  ацы  хахх  нын нæ фæивын кæндзæн, – уый  фæдыл  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  райхъусын кодта.

Дарчиашвилийы дзырдæй,   раздæры  президент  Михеил Саакашвилийы фæдыл   алцыппæт  бæрæг у æмæ Украинайы  уынаффæ  æнæбындур у.

«Махæн ныры онг удыис бирæ цау,  иуæй-иу  украинаг   аполитикы  æнæрæстаг ахаст  куы  фехъуыстам  Гуырдзыстоны æрдæм.  Мах трандицонæй   æнцадæй лæууæм.  Уый у нæ  ахаст нæ хæлар  адæмы æмæ  бæстæйы  æрдæм.   Æнæмæнгæй   нын уыдзæн рæстæг фидæны, цæмæй фæуынаффæ кæнæм  ацы  фарстатыл дыууæфарсон форматты, фæлæ  абон  традиционæй   æвзарæм уыцы  позици, кæцы нын ис, кæцыйы равдыстам. Адæттыл нын реагиркæнынад нæ уыдзæн. Уымæ æмбæлгæйæ   куыд радзырдтам,  минæвар æрыздæхдзæн   æввахс периоды Гуырдзыстонмæ. Афтæма иттæг нысаниуæгджын у бындур, кæцы ссис   ацы  æнæмбаргæ уынаффæ расайæг, хъуыды  кæнæм, цæмæй  раздæры президенты тыххæй  бæрæг у   алцыппæт, алы  фарст уый фæдыл, цас  бæрнон  ахаст дары паддзахад алы ахæсты, уый нымæцы  Саакашвилийы   бартæм.  Уый тыххæй  дæр, йæхæдæг ацы фарста  дæр æнæбындур у, куыд   фехуъыстам,  уынаффæ   раст  ацы фарстайæ равзæргæ  уыд», – райхъусын кодта  Дарчиашвили.

Украинайы  президент   Володимир Зеленски 3 июлы   райхъусын кодта, цæмæй  куры Гуырдзыстоны минæварæй,  48 сахаты  дæргъы ныууадзæт Украина, цæмæй  консультацитæ ауадзæт   Тбилисы  Михеил Саакашвилийы  Украинамæ  æрызхдахыныл.  Зеленскийы   дзырдæй,   зæгъгæ Уæрæсе  Гуырдзыстоны  хицауады къухæй мары  Украинайы æмбæстаг Михеил Саакашвилийы.