Илиа Дарчиашвили – премьеры æмхайад Украинайæн æххуысы   конференцийы у ноджы иу  бæлвырдгæнæн, ома Гуырдзыстоны  аразы алцыппæт, цæмæй  баххуыс уа бæстæйæн  кæцы  абон хæстон уавæрты  ис
Илиа Дарчиашвили – премьеры æмхайад Украинайæн æххуысы конференцийы у ноджы иу бæлвырдгæнæн, ома Гуырдзыстоны аразы алцыппæт, цæмæй баххуыс уа бæстæйæн кæцы абон хæстон уавæрты ис

Гуырдзыстоны  премьер-министры визит  Берлинмæ  æмæ йæ æмхайад  Украинайæн æххуысы   конференцийы  у ноджы иу бæлвырдгæнæн, ома  Гуырдзыстон  алцыппæт аразы  сæрмагонд  фадæтты фæлгæтты, цæмæй баххуыс уа  хæсты уæвæг  бæстæйæн –  уый фæдыл Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр  Илиа Дарчиашвии   премьер-министры  Германимæ визитыл  ныасы рæстæджы райхъусын  кодта.

Йæс дзырдæй  зæгъгæ,  хицауады сæрдарæн уыдзæн   конкретон   сидт   тымбыл фынгы  форматы.

«Гуырдзыстоны хицауады сæрдар  кусæн вищитæй  ис Германийы.  Берлины  11 æмæ 12 июны ацæудзæн  Украинайæн æххуысы  æхæнадæмон   форум,  кæцыйыл æмбырд кæнынц  Дунейы лидертæ æмæ уыдзæн уынаффæ уый фæдыл, цæмæй  куыд  баххуыс кæной Украинайæн, цæмæй  бафæраза алы  уыцы рсидтæн, кæцы  абон  ис  хæстон уавæры уæвæг   бæстæйæн.

Гуырдзыстоны премьер-министр, куыд æндæр  лидертæ, ацы  мадзалы  райсдзæн хайад.  Уымæн уыдзæн  конкретон   сидт  ацы тымбыл фыгы  форматы, æрмæст уый  фæстæ йын  уыдзæн  хицæн фидиуæн, кæцыйы  сараздзæн  Украинайæн фарсхæцыны  цæстæнгасæй.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,  иттæг нысаниуæгжын у ацы  форматы хайад райсын, Гуырдзыстон  кæддæриддæр   аы  фадаты  фæлгæтты  æххуыс кодта  Украинайæн фæстаг азты дæргъы. Гуырдзыстоны премьер-министры визит Берлинмæ æмæ йæ æмхайад  ацы конференцийы  у ноджы иу бæлвырдгæнæн, ома Гуырдзыстоны  аразы алцыппæт йæ фадæтты фæлгæтты, цæмæй  баххуыс кæна  бæстæйæн кæцы  хæстон уавæрты  ис абон» – райхъусын кодта  Илиа Дарчиашвили.