Илиа Дарчиашвили хорватаг коллегæ  Гордан  Грлич-Радманимæ фембæлдис
Илиа Дарчиашвили хорватаг коллегæ Гордан Грлич-Радманимæ фембæлдис

Хорватийы Республикæмæ Гуырдзыстоны  премьер-министры  официалон визиты фæлгæтты, фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  хорватаг  коллегæ  Гордан Грлич-Радманимæ фембæлдис.

Гуырдзыстоны, фæсарæн хъуыддæгты минситрады информацийæ,   фембæлды фæлгæтты,  фарсытæ   æркастысты  дыууæфарсон  æмæ бирæфарсон   ахастыты боны фæткы  уæвæг алы   актуалон фарста, афтæма  фæныхас кодтой  æндæр æмæ æндæр   сферæты   æмгуыстад фæарфдæркæныны  перспективæтыл.

«Илиа Дарчиашвили Хорватийы  фæсарæн  æмæ  европаг  хъуыддæгты министрæн æххæст информаци бавдыста Гуырдзыстоны æрдгæй  Еврокомиссийы  12 приоритеты сыххæсты  цыды æмæ ацы æрдгæй  уæвæг   прогрессы  фæдыл.

Гуырдзиаг  фарс  нвфс равдыста, цæмæй Гуырдзыстоны прогресс, афтæма æндæр   æмæ æндæр   æрдæмадæй сæххæст  реформæтæ æмбæлгæйæ  уыдзысты нымадмæ ист  Европаг партнерты æрдгæй.

Уыимæ ма  банысан ис, Евроцæдисы  уæнгсуæвыны   фæндагыл Хорватийы  фæлтæрддзинадимæ æрзонгæйы æмæ фарсхæцыны  нысаниуæг», – дзырдæуы æддагполитикон уагдоны  информацийы.