Илиа Дарчиашвили йæ бритайнаг коллегæимæ фембæлдис
Илиа Дарчиашвили йæ бритайнаг коллегæимæ фембæлдис

Иугонд Паддзахадмæ  премьер-министр  Ираклийы Къобахидзейы визиты фæлгæтты Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Илия Дарчиашвили базонгæйы  равгы   фембæлд  ауагъдта   Стыр Британийы  фæсарæн, æмгарады æмæ райрæзты  хъуыддæгты падзахадон нымæрдаримæ Девид Лэммиимæ.

Илиа Дарчиашвили  бритайнаг  коллегæйæн постыл  снысан  кæнын раарфæ кодта æмæ фидæн   куысты  йын æнтыстытæ  ракуывдта.

Министртæ равдыстой  цæттæдзинад,  йæ къух саразо  дыууæ бæсæйы æхсæн   уæвæг  æнгом  партнеон  ахастыты  ноджы фæтынгдæр кæнынæн, уый нымæцы,  «Уордропы  Стратегион диалогы» фæлгæтты.

Илиа Дарчиашвили бритайнаг коллегæйæн  раарфæ кодта   Иугонд Паддзахады  æрдгæй Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн, афтæма  бæстæйы  европаг æмæ евроатлантикон   тырнынадтæн фарсхæцыны тыххæй.

Фембæлдыл   дзырд уыдис  куыд   Дунейы – афтæ регионы  цæугæ  процесстыл. Хаххгондæй фæнысан ис  уæвæг расидты фоныл  сабырады æмæ стабилондзинад  сæнæмæт кæнын æнæмæнгхъæугæ кæй  у уый.

Министртæ  æрдзырдтой,  активонæй  бакусой   иумæйаг приоритетон   æрдæмадтæй æмгуыстад фæтынг кæнынæн.

Информаци публикаци кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  пресскуыст.