Илиа Дарчиашвили Израилы Кнесеты спикеримæ фембæлдис

12:37, 04.09.2023

Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр  Илиа Дарчиашвили  Гуырдзыстоны  официалон визитæй уæвæг  Израилы  паддзахады закъондæттæг органы  делегацийы  къухдариуæггæнæг  Кнесеты   спикер  Амир  Оханаимæ  фембæлдис.

Æддагполитикон уагдоны  пресскуысты  хъусинагæй,   фембæлды  фæлгæтты  кастæуыд  дыууæ  бæстæйы æхсæн  уæвæг  партнерон  ахастыты актуалон фарстатæ æмæ фидæнон   æмгуыстады  приоритеттæ.

«Фæсарæн хъуддæгты министр бахахх кодта   бæстæты æхсæн  бæрзонд æмæ бæрхонддæт  æмвæзады  визитты  баивды  нысаниуæг æмæ ацы æрдгæй  ныридæггæ сæххæст  мадзæлттæ.

Ныхас уыд  афтæдæрæмгуыстадыл æсхæнадæмон организациты  фæлгæтты. Райгонддзинадæй банысан ис, цæмæй  Гуырдзыстоны æмæ  Израилы  ахастытæ  динамиконæй  рæзынц  куыд дыууæфарсон, афтæ бирæфарсон  форматты», –  банысангонд у  фæсарæн хъуыддæгты  министрады  пресскуысты  ахæлиугонд информацийы.

Афтæма сæ  хъусинагæй,   фарсытæ  сæрмагонд хъусдард раздæхтой  бизнесконтактты фæарфдæры  æмæ  парламентон  къабазы  нысаниуæгыл  дыууæфарсон  æмгуыстады  бонвæткы саразыны хъуыддаджы.

Хуыздæр