Илиа Дарчиашвили -  иунæг бæстæ дæр нæу Гуырдзыстонæн статус раттыны  ныхмæ, уырнæг дæн совет  æввахс бонты рахæсдæн ацы  нысаниуæгджын уынаффæ
Илиа Дарчиашвили - иунæг бæстæ дæр нæу Гуырдзыстонæн статус раттыны ныхмæ, уырнæг дæн совет æввахс бонты рахæсдæн ацы нысаниуæгджын уынаффæ

Мæ бон у абон нæ  цæрджытæн зæгъын, цæмæй  тымбыл фынгы  алыварс уæнг бæстæты  иузинад  уыдис Гуырдзыстонмæ гæсгæ – уый фæдыл журналисттæн Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр  Илиа Дарчиашвили  «Хурыскæсæн партнерады» министериалы  фæстæ фехъусын кодта.

«Нысаниуæгджын у, цæмæй  ацы тынг  уæззау геополитикон  уавæры бантыстис æмæ ацыд «Хурыскæсæны партнерады» саммит, кæцы у сæйраг механизмтæй сæ иу, иуæй-иу сæраг платформæ, кæцыйыл  хурыскæсæны сыхы  æрдæмадæй,  уынаффæ кæны  Евроцæдис, куыд æрыввахс кæна бæстæты, кæцытæ  сты «Хурыскæсæн партнерады» æнгтæ.  Махæн  иттæг нысаниуæгджын  механизм  æмæ платформæ у. Зонæм, цæмæй растдæр  «Хурыскæсæны партнерады» механизмы  фæрцы Гуырдзыстон  евроинтеграцийы  æрдгæй тынг нысаниуæгджын æмæ бирæ  рахатинаг фæстиуджытæ  райста, кæцытæ  сты тынг цымидисон  райрæзты райдайæн. Сæйраг æрвитæггаг кæцы æз æрхастон  Гуырдзыстонæй, у уый, цæмæй Гуырдзыстон цæттæ у, фидæны дæр адарддæр кæна  «Хурыскæсæн партнерады» уæнг  бæстæйы рангы  йæ контрибуци» – райхъусын кодта Илиа Дарчиашвили.

Афтæма йæ дзырдæй, «Хурыскæсæн партнерады» министериалыл, тымбыл фынгы  алыврас алкæмæй цыдис ахаст, цæмæй Евроцæдис тынг цымидисонæй  кæсы  «Хурыскæсæны  партнерады» фидæнмæ.

«Æрвитæггæгтæ, кæцытæ  абон  Евроцæдисы  уæнг бæстæты  министртæ æрхастой, уыдысты ахæм, ома  уыдон тыхархайдыл нæ фæцауæрддзысты, цæмæй растдæр ацы  фадаты, ацы платформæйы  фæлгæтты «Хурыскæсæн партнерады» уæнг бæстæт райсой  конкретон  рахатинаг фæстиуджытæ æмæ адарддæр кæной  фидæны  æмгуыстад. Махæн иттæг нысаниуæгджын  уыд, цæмæй «хурыскæсæн партнерады», куыд платформæйы фидæнæй дарддæр уа сигнал алы  бæстæйæ, алы министрæй, ома уыдон райынц  Еврокомиссийы  уынаффæйæ  рекомендациты фæдыл Гуырдзыстонæн  кандидаты статус алæвæрдыл æмæ Молдовæ æмæ Украинайæн  та  бадзырдтæ райдаыныл. Махæн нæ бон у  зæгъæм нæ цæрджытæн, цæмæ  иунæг  бæстæ дæр нæй, кæцы йæ ныхмæ уыдаит  Гуырдзыстонæн кандидаты статус  раттынæн.  Уый нын æвзæрын кæны стыр æнхъæлц æмæ уырнæг дæн, совет растдæр æввахс  бонты, къуырийы  кæронмæ  рахæсдзæн   ацы нысаниуæгджын  уынаффæ, кæцы  цæрынæн ахсджиаг у   нæ бæстæйæн. Уымæ æмбæлгæйæ  дæр, мæ бон у абон нæ  цæрджытæн зæгъын, цæмæй тымбыл фынгы  алыварс уæнг бæстæты иудзинад  уыдис Гуырдзыстонмæ  гæсгæ æмæ ацы  сигнал мах райстам» –  банысан кодта Илиа Дарчиашвили.