Илиа Дарчиашвили  Ирландийы  парламенты  дæллаг палатæйы сæрдаримæ фембæлдис
Илиа Дарчиашвили Ирландийы парламенты дæллаг палатæйы сæрдаримæ фембæлдис

Гуырдзыстоны   фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  Ирландийы   парламенты  дæллаг палатæйы  (Дойлы)  сæрдар Шон  О’Фаррелимæ  фембæлдис.

Æддагполитикон уагдоны  ахæлиугонд  информацийæ,   фембæ1лды  фæлгæтты фарсытæ равдыстой  æхсызгондзинад    Гуырдзыстон æмæ Ирландийы  æхсæн ахастыты  рæзгæ динамикæйы тыххæй  æмæ   бахахх кодтой   бæрзонд æмвæзады   визитты   нысаниуæг  æмгуыстады дарддæр фæарфдæр кæныны нысанæн.

«Ныхасы рæстæджы  сæйраг акцент арызт уыд   Гуырдзыстоны  Евроцæдисмæ  интеграцийы процессмæ. Сæрмагонд  хъусдард здæхт уыдис  Евроцæдисимæ  политикон  æмæ  секторон   æрыввахсы   æрдгæй   уæвæг уавæрыл.

Фембæлдыл  сæрмагонд  хъусдард здæхт уыдис   регионы  уæвæг   æдасдзинады  уавæрмæ, кæцы  цæхгæд  фæказдæри Уæрæсейы  Украинайы ныхмæ сæххæст   æфсæддон агрессийы фоныл.  Илиа Дарчиашвили    Ирландийы  парламентон делегацийæн  базонын кодта дателон информаци оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл  уæвæг уавæры фæдыл. Банысан ис  æхсæнадæмон  бонвæткы  фарстайы актуалондзинад мафесафыны   æрдгæй партнерты консолидацигонд позициты  хъæуындзинад æмæ ацы æрдгæй,  Ирландийы  æнæфæцудгæ  фарсхæцыны нысаниуæг» –   банысангонд у официалон информацийы.