Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили Гуырдзыстоны Израилы паддзахады минæвар Хадас Меицады райста. Информаци хъусын кæны фæсарæн хъуыддæгты министрад.
Уагдоны хъусинагæй, фарсытæ æркастысты Израилы айтынггонд фæзындтæ. Æддагполитикон уагдоны къухдариуæггæнæг Израилаг дипломатæн сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны хъæддых фарсмæлæуд Израилы паддзахадæн æмæ ноджы иу хатт бафаудта Израилы ныхмæ сæххæст террористон бырст. Министр минæварæн мæсæллытæ загъта фæмардуæвджыты тыххæй.
Фембæлдыл фарсытæ бахахх кодтой уæвæг æнгом æмгуыстад алы актуалон фарстайы фæдыл.