Илиа Дарчиашвили – Гуырдзыстон йæ фарс хæцы, «Сабырдзинады Формулайы» инициативæйæн, æххæстæй иу кæны æхсæнадæмон организацитæм æмæ лæууы Украинаг адæмы фарсмæ ацы уæззау рæстæджы

10:09, 23.02.2023

Уæрæсейы  агрессивон  хæст Украинайы   ныхмæ  уыдис бырст æхсæнадæмон   сæрфадмæ. Иу афæдзы фæстæ та ногæй æрымбырд стæм, цæмæй   сæ сæр рахæцæм  уыцы принциптæн, кæцытыл лæууы  ацы  организаци, æхсæнадæмон барады  фундаментон  принциптæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Илиа Дарчиашвили  Украинайы  хæсты  ахы сæры фæдыл ИНО-йы   генералон ассамблейы   специалон   сессийыл, дзырдæй ралæуды  рæстæджы райхъусын кодта.

Уыимæ, Дарчиашвили, «Сабырады Формулайы» инициативæйы нысаниуæг бахахх кодта, æмæ сбæлвырд кодта  Гуырдзыстоны  фарсхæцын.

Æддагполитикон уагдоны къухдариуæггæнæг  куыд банысан кодта афтæмæй,   Гуырдзыстон æххæстæй иу кæны   æхсæнадæмон  организацитæм  æмæ лæууы украинаг   адæмы фарсмæ.

«Украинайы, нæ  бæстæты   æмæ адæмы  хъæуы сабырдзинад. Лæууæм  прецедент, цæмæн нæй ахæм масштабы  глобалон   æртхъирæны раз, –   климатон   ивддзинæдтæ, æрдзон катастрофæтæ, пандеми, терроризм, кæцы   нæ алкæмæй  домы иумæйаг тыхархайд, нæ  æмгуыстад,  бирæ  цыдæр ис, цæй саразын у йæ бон æмæ хъуамæ сараза ИНО.

Фæнды мæ  бахахх кæнон, «Сабырады формулайы» инициативæты нысаниуæг  æмæ  ноджы иу  хатт  сфæлхатт кæнон, цæмæй Гуырдзыстон  йæ фарсдары  ацы  инцииативæйæн. Гуырдзыстон æххæстæй иу кæны  æхсæнадæмон   организациты тыхархайдмæ   æмæ  акраинаг  адæмы  фарсмæ  ацы уæззау  уавæры.  Гуырдзыстоны  хицауад  нысаниуæгджын гуманитарон æххуыс  æрымбырд кодта æмæ арвыста. Фæнды мæ  ноджы иу  хатт  зæгъон нæ  фидар  æмæ æнæцудгæ   фарсхæцыны тыххæй  Украинайы   территорион   æнæхъæндзинад æмæ суверенитетмæ,  йæ  æхсæнадæмонæй нымад арæнты», – банысан кодта Дарчиашвили.

Хуыздæр