Илиа Дарчиашвили - Гуырдзыстон æмæ Турчы æхсæн базарадон нысан у 3 миллиард доллар, æмæ мæ ныфс ис ацы нысанмæ тагъд бахæццæ уыдзыстæм
Нæ бæстæты æхсæн уæвæг диссаджы æхсæнадæмон æмæ политикон æмгуыстады параллелонæй, нын ис тынг динамион базарадон-экономикон ахастытæ. Ис нын конкретон нысæнттæ, кæцытæм баххæссын активонæй архайæм æмæ растдæр ацы процессы архайæм , æрвылазонæй нын уа конкретон рахатинаг динамика базарады æрдгæй. Базарады нæ радон нысан бæрæг у 3 миллиард доллары бæрцæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили Стамбулмæ официалон визиты фæлгæтты, туркаг коллегæимæ Мевлут Чавушогълуимæ иуæймаг пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, иуæймаг тыхархайдæй Гуырдзыстон æмæ Турк ацы нысанмæ тагъд бахæццæ уыдзысты, кæцыйы фæстиуæгæн сбæрæг уыдзæн ног нысан, кæцы стынг кæндзæн æмæ фæарфдæр кæндзæн дыууæ бæстйы æхсæн базарадон-экономикон æмгуыстад.
«Мах, кыд фæсмарæн хъуыддæгты министрадтæ, афтæ æндæр паддзахадон уагдæттæ, тнг активон æмкуыст кæнынц афæдзы дæргъы кæрæзиимæ, цæмæй максималонæй фенцондæр кæнæм базарад æмæ къух саразæм нæ бæстæты æхсæн экономикон æмгуыстадæн. Фидæны дæр адарддæр кæндзыстæм ацы тыхархайд уый тыххæй, цæмæй максималонæй фæкаддæр кæнæм алы уæвæг техникон барьер, кæцы ацы этапыл куылымпы кæны фæнысангонд процесс» – банысан кодта Дарчиашвили.