Илиа Дарчиашвили  фембæлдис немыцаг коллегæ Аналена Бербокимæ
Илиа Дарчиашвили фембæлдис немыцаг коллегæ Аналена Бербокимæ

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили,  Берлинмæ визиты фæлгæтты, немыцаг  коллегæ – Аналена Бербокимæ фембæлдис. Министртæ  фембæлдыл райгæ банысан кодтой, куыд Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты уагдоны  къухдариуæггæнæжы визит  Берлинмæ, афтæ  Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы  плангонд визит æмæ йæ фембæлд  Германийы канцлер æмæ  федералон президентимæ, æмæ ныфс равдыстой,  цæмæй фанысангонд визиттæ  ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ  схизын кæндзæн  æмæ сфидар кæндзæн Гуырдзыстоны æмæ Германийы  партнерон ахастытæ. Уый фæдыл  информаци  хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады пресс-куыст.

Уагдоны информацийæ, фембæлдыл  немыцаг  фарс ноджы иу  хатт бахахх кодта Гуырдзыстонимæ  æнгом партанерад сфидар кæныны нысаниуæг.  Фарсытæ  сæрмагондæй  бахахх кодтой   Германи-Гуырдзыстоны æмгуыстады  нысаниуæг регионы æмæ дунейы  уæвæг  геополитикон   уавæры фоныл,  Германийы, куыд евроцæдисы æмæ  НАТО-ы  уæнг лидер паддзахады  фарсхæцын сæрмагонд нысаниуæг ис. Илиа Дарчиашвили  раарфæ кодта немыцаг коллегæйæн, Германийы æрдгæй Гуырдзыстонæн азты дæргъы  æвдисгæ, куыд   политикон, афтæма практикон  фарсхæцыны тыххæй.  Германийы æддагполитикон уагдоны къухдариуæггæнæнаг ноджы иу  хатт сфиксир кодта  Берлины  фарсхæцын  Гуырдзыстоны Европаг  интеграци æмæ бæстæйы суверенитеты æмæ территорион  æнæхъæндзинадæн.

Немыцаг фарс  куыд банысан кодта афтæмæй, Берлин йæ фарс хæцы  Гуырдзыстоны Европаг  интеграцийæн æмæ цæттæ у практиконæй дæр æххуыс кæна  Гуырдзыстонæн ацы фæндагыл.

Илиа Дарчиашвили  Германийы фæсарæн хъуыддæгты федералон  министры виззитæй фæхуыдта   Гуырдзыстонмæ.