Илиа Дарчиашвили  Брюсселмæ визиты фæлгæтты дыууæфарсон фембæлдтæ райдыдта
Илиа Дарчиашвили Брюсселмæ визиты фæлгæтты дыууæфарсон фембæлдтæ райдыдта

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  Брюсселмæ визиты фæлгæтты  дыууæфарсон фембæлдтæ  райдыдта.

Æддагполитикон уагдоны информацийæ, Илиа Дарчиашвили фембæлдис  æддæ ахастыты фарстаты  европаг советы  резиденты Шарль Мишелы уынаффæгæнæгимæ Симон  Мордьюимæ.

«Министр дипломатон   уынаффæгæнæгæн бадæтта æххæст информаци  Гуырдзыстоны сæххæст реформæты æнтыстджын  бонвæткы фæдыл, сæ нымæцы   йын базонын кодта евроинтеграцийы хицауадон комиссийы бæлвырд Еврокомиссийы  рекомендациты  сыххæсты  архайадон план æмæ алы  рекомендацийы сыххæсты цæстæнгасæй  ныридæгæн  сæххæст куыстытæ.

Банысан ис, цæмæй уагъд тыхархайдæй бæстæ  кандидаты статус алæвæрды аккаг у, кæцы афтæдæр   сбæлвыд ис еврокомиссийы  8 ноябры  æмбæлон  рекомендацийæ æмæ ныфс разагъдæуыд , ома  европаг совет   рахæсдзæн уынаффæ, кæцы  дарддæры этапмæ ахизын кæндзæн Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ интеграцийы процесс.

Илиа Дарчиашвили, визиты фæлгæтты  афтæдæр  фæныхас кодта  Еврокомиссийы  сыхагон  политикæйы æмæ ауæрæхыл бадзырдты фарстаты  генералон  директоримæ, Герт Ян Компанимæ.

Фарсытæ  æвæрццаг  аргъ скодтой Гуырдзыстоны  хицауады æмæ Еврокомиссиимæ цæугæ интенсивон  консультацитæ.

Илиа Дарчиашвили  бузныг загхта  Ян Копманæн  директораты  активон  æмархайды тыххæй  куыд Европаг Советы приоритетты, афтæ  еврокомиссийы  æмбæлгæ  рекомендациты сыххæсты процессы æмæ фарс дарыны тыххæй» –  банысангонд у  фæсарæн хъуыддæгты министрады  информацийы.