Илиа Дарчиашвили бразилийаг коллегæимæ фембæлдис
Илиа Дарчиашвили бразилийаг коллегæимæ фембæлдис

Бразилимæ официалон визиты фæлгæтты, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили, Бразилийы  фæсарæн хъуыдæгты министр Мауро  Виейраимæ  фембæлдис.

Фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, фембæлдыл   министртæ  райгонддзинад равдыстой  бирæазон паузæйы  фæстæ Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министры  Бразилимæ визитæй, кæцы  сæрмагонд нысаниуæгы хæссæг у Дунейы  цæугæ глобалон   процессты æмæ дыууæ бæстæйы нысаниуæгджын регионон  ролы тыххæй.

Æддагполитикон уагдоны хъусинагæй, Илиа Дарчиашвили  хаххгондæй  банысан кодта, цæмæй   Гуырдзыстонæн  Бразилиимæ  партнерад  сæрмагондæй нысаниуæгджын у куыд дыууæфарсон афтæ  регионон контексты.

«Æвæрццаг аргълæвæрд уыд   дыууæ бæстæйы æхсæн  арызт   бæрзонд  æмвæзады   æмгуыстадæн адæмты æхсæн  ахастыты æмæ культурæйы  сферæты, кæцы  йæ къух аразы   Гуырдзыстон æмæ Бразилиайы  кæрæдзийы  фæдыл  зонындзинады сбæрзонддæрæн æмæ  ацы бæстæты культурон  хæдбындурдзинады популяризацийæн. Министртæ  арфæйы ныхæстæ загътой Гуырдзыстоны æмæ Бразилийы æхсæн  уæвæг  æнæвизæ  режимы тыххæй æмæ  райгæйæ  банысан кодтой Бразилийæ  Гуырдзыстонмæ туристонæй  æрцæугæ  визиторты рæзты  тенденци.

Фарсытæ хъусдард раздæхтой  дыууæдæр бæстæйы туризмы индустрийы сæрмагонд нысаниуæгмæ æмæ  равдыстой  цæттæдзинад æмгуыстадмæ ацы æрдгæй дарддæр  æмкуыстдзинады тыххæй.

Бразилийы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны  къухдариуæггæнæг  райста Илиа Дарчиашвилийы   хонæн   афæдзы дыккаг æрдæджы  Гуырдзыстонмæ  фæуазæг уа», – банысангонд у  æддагполитикон уагдоны информацийы.