Илиа Дарчиашвили – Болгарийы фарсылхæцындзинад тынг нысаниуæгджын у
Илиа Дарчиашвили – Болгарийы фарсылхæцындзинад тынг нысаниуæгджын у

Илиа Дарчиашвили – Болгарийы фарсылхæцындзинад тынг нысаниуæгджын у

Гуырдзыстоны æддаг хъуыддæгты министр, Болгаримæ визиты фæлгæтты, Болгарийы вице-премьерыл, æддаг хъуыддæгты министр Мария Габриелыл фембæлд.

Гуырдзыстоны æддаг хъуыддæгты министрады информацимæ гæсгæ, фембæлды фæлгæтты, Болгарийы вице-премьер бахахх кодта Гуырдзыстоны фарсылхæцындзинад Евроцæдисмæ интеграцийы æмæ  кандидат-статусы лæвæрды фарстайы. Сæ информацимæ гæсгæ, фембæлдыл банысан кодтой, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Болгарийæн ис иумæйаг аргъдзинæдтæ æмæ Гуырдзыстонæн хъуамæ уа ацы фæндагыл Болгарийы ныфс.

Фарсытæ хъусдард сцырын кодтой Гуырдзыстоны прогрессыл 12 рекомендацийы сыххæсты къуымæй. Позитивон аргълæвæрд уыд Гуырдзыстоны реформæтæн æмæ алы къахдзæфæн Евроцæдисимæ баввахсы процессы.

Гуырдзыстоны æддаг хъуыддæгты министр расидтис, цæмæй Гуырдзыстоны æддаг приоритеты æрдæм, Болгарийы фарсылхæцындзинад тынг нысаниуæгджын у.