Илиа Дарчиашвили  Бакуйы плангонд Гуырдзыстон-Азербайджан-Турчы æртæфарсон  министериалы райсдзæн хайад
Илиа Дарчиашвили Бакуйы плангонд Гуырдзыстон-Азербайджан-Турчы æртæфарсон министериалы райсдзæн хайад

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  азербайджайнаг æмæ  туркаг коллегæтимæ, Джейхун Байрамовимæ æмæ  Хакан  Фиданимæ  иумæй  хайад райсдзæн   Гуырдзыстоны, Азербайджына Республикæйы æмæ  Турчы Республикæйы  æмгуыстады  æртæфарсон форматы  фæсарæн хъуыддæгты министрты фарсстæм фембæлды,  Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.

«Фембæлдыл фарсытæ  æркæсдзысты   æртæфарсон   форматы  фæлгæтты, бæстæты  æхсæн   уæвæг   æмгуыстады   фарстатæ æмæ йæ  стынг кæныны перспективæтæ.  Хъусдард здæхт удызæн  æмгуыстады  æртæфарсон  форматы  фæлгæтты  секторон   цæдисты  райтынгы æмæ  сыххæст æмæ йæ  нысаниуæгмæ, афтæ  куыд   æртæ бæстæйы  æмархайдæй цæугæ   æхсæнадæмон   равгы   транзитон   æмæ энергетикон   проекттыл.

Æртæфарсон   фæсарæн хъуыддæгты министериалы фæлгæтты, илиа Дарчиашвили   дыууæфарсон  фембæлдтæ  ауадздзæн азербайджайнаг æмæ туркаг коллегæтимæ» –  банысангонд у  Гуырдзыстоны  æддагполитикон   уагдоны информацийы.