Илиа Дарчиашвили – АИШ-ы  националон  хъахъхъæнынады  авторизацийы акты  закъонопроекты сфидар кæнынæй бæрæг у  АИШ-Гуырдзыстоны стратегион  партнерады фидардзинад
Илиа Дарчиашвили – АИШ-ы националон хъахъхъæнынады авторизацийы акты закъонопроекты сфидар кæнынæй бæрæг у АИШ-Гуырдзыстоны стратегион партнерады фидардзинад

АИШ-ы  националон хъахъъхæнынады  авторизацийы  акты  закъонопроекты  сбæлвырд, кæцыйы æвдыст у   Гуырдзыстоны   фарсхæцæг   формулировкæтæ,  АИШ-Гуырдзыстоны  стратегион   партнерады ноджы иу бæрæг  цæвиттон  у  æмæ  бæлвырд æвдисы  хъæддых дыууæпартион   фарсхæцын  Гуырдзыстонæн, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  «Фейсбукы»  официалон  фарсыл  фыссы.

Æддагполитикон уагдоны  къухдариуæггæнæджы  фидиуæнæй,  зæгъгæ нысаниуæгджын  у, цæмæй АИШ-æ  Гуырдзыстоны æмтгæйон Европаг æмæ евроатлантикон  æдасдзинады  хайыл нымайы æмæ  дарддæр кæны  конкретон  къахдзæфтæ аразын  Гуырдзыстоны  æдасдзинад сфидар кæнынæн, афтæма, къух аразы  Гуырдзыстонимæ стратегион  партнерад стынг кæнынæн.

АИШ-ы минæвæртты  палатæ  æххæст скондæй æркастис  æмæ дыууæпартион  разыйæ  сфидар кодта АИШ-ы  националон  хъахъхъæнынады авторизацийы  акты проекты  сæрмагонд  верси, кæцы 2023  фискалон  азмæ АИШ-ы хъахъхъæнынады   департаменты политикæ æмæ  бюджеты   приоритеттæ бæрæг кæны.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  хъусинагæй,   закъонопроекты, Гуырдзыстоны  фарсхæцæн  иттæг нысаниуæгджын  ныффыстытæ  ис, кæцы  ноджы иу хатт  бæлвырд кæны  АИШ-ы  Конгрессы  æнæцудгæ  дыууæпартион   фарсхæцын  Гуырдзыстонæн æмæ нысаниуæгджынæй  æххуыс кæны  бæстæты æхсæн  уæвæг  хъæддых стратегион  партнерад дарддæр  фæарфдæр кæнынæн  Гуырдзыстоны  æдадсзинад сфидар кæныны,  европаг æмæ евроатлантикон   интеграцийæн  баахъаз кæныны  нысанæн.