Идлибы æрцæугæйы фæдыл, Турк Натоимæ консультацитæ райдыдта
Туркы хицаугæнæг парти «Рæстадæн æмæ размæцыдæн» пресс-спикер Омер Челикы фидиуæнмæ гæсгæ, Турк бабырст нымайы куыд НАТО-йыл бабырст.
АИШ- тыхстдзинад расидтис Идлибы провинцийы туркаг æфæсæдæттыл бабырсты фæдыл апарахатгонд информацийы æмæ фарсылхæцындзинад сиды Туркæн, куыд йæ НАТО-аг партнерæн, – уый фæдыл ныхас цæуы АИШ-ы паддзахадон департаменты апарахатгонд фидиуæны.
«Мах йæ фарсыл хæцæм нæ партнерæн. Сидæм Асады режим, Уæрæсе æмæ Иранмæ фæуромой бабырст», – ис фыст фидиуæны.
Идлибы туркаг æфсæддæтты коллонайыл Сирийы авиаци уæлдæфон бабырст сыххæст кодта, цæй фæстиуаг дæр мардгондты нымæц 33 мæ баххæсыд, 35 фæцæф. Дзуапæн Турк Сирийы хицауадон позицитыл бабырст райдыдта.