Human Rights Watch – Гуырдзыстоны кусæг адæмы бартæ æмæ æдасдзинад рискъы раз сты
Адæймаджы барты хъахъхъæнæг æхсæнадæмон организаци «Хьюман райтс уотч» (Human Rights Watch) Гуырдзыстоны шахтæты æмæ рзæтты кусæг адæймæгты кусæн уавæрты фарстайыл публикаци кæны иртасæн «Иу афæдз дæр нæ уыд адзалы цаутæй цух».
«Гуырдзыстоны шахтæты æмæ æрзæтты кусджыты æдасдзинад сербозон рискъы бын ис хицауады æрдгæй æнæгъгъæд регулирдзинады тыххæй. Æнæгъгъæд регулирдзинады фæстиуæг у пайдаджын къахæггæгты амал кæныны архайæг практикæ, кæцы приоритет дæтты малаиуæгы масштабтæн æмæ кусджыты æдасдзинад рискъы бын æвæры» – райхъусын кодта «Хьюман райтс уотч» абон уагъд хыгъдлæвæрды.
«Мингай кусæг лæууынц рæзгæ тасы раз,удмæ цалынмæ Гуырдзыстон не срегулир кæндзæн кусæн сахатты æмæ нæ сараздзæн инспектирдзинады ахæм системæ, кæцы æххæстаргъджынæй бацахуыр кæнид кусæн уавæрты æндæвдад æдасдзинадмæ» – райхъусын кодта Корина Аждер Human Rights Watch-ы Финбергы стипендиант.
«Кусджытыл аудын, сæ æнæнæиздзинад æмæ æдасдзинады уавæртæ фæхуыздæр кæнын æнæхъæнæй Гуырдзыстоны хицауады бæрн у»-банысан кодта уый.
Евроцæдисимæ къухæвæрд ассоциацидзинады бадзырдæй Гуырдзыстон йæхимæ райста хæс, куысты тыххæй закъондæттынад бакæна Евроцæдисы закъонтимæ æмбæрдзинадмæ æмæ сараза къахдзæфтæ, цæмæй 2020 азы онг æрфидар кæна æххæстаргъджын куысты инспекци.
«Гуырдзыстоны хицауады регулиркæныны ногæй æрбайстмæ этапгай ахаст, ницæмæ дары уыцы æрвылбойнон рискъытæ, кæцытæ æртъхъирæн кæнынц шахтертæм æмæ æрзæткъахджытæм, сæ бартæ адекватонæй хъахъхъæд цухæй» – райхъусын кодта Корина Аждер. «Хицауад цырддæр хъуамæ бацархайа ивгъуыды рæдыдтытæ сраст кæнынæн».