Hermitage Capital- ы фонды къухдариуæг – Британийы шпионы фæхъæстæ Уæрæсейы хицауады организгонд теракт у
Hermitage Capital- ы фонды къухдариуæг – Британийы шпионы фæхъæстæ Уæрæсейы хицауады организгонд теракт у
Уæрæсейы фæстаг архайдтытæ уазал хæсты фæстæ алкæмæй сериозон цау у – уый фæдыл фыццаг къаналимæ эксклюзивон интервьйы Hermitage Capital-ы фонды сæрдар Бил Броудер раисдтис.
Йæ ныхасм æгæсгæ, Британийы уырыссаг шпионы æмæ йæ чызгы фæхъæстæдзинад æндæр хицауады организгонд теракт у, кæцы Натойы уæнг бæстæйы сыххæст.
Hermitage Capital- ы фонды къухдариуæг Британийы рпемьер-министр Тереза Мейы æскъуыдзагыл 23 дипломаты арвысты фæдыл нæ нымайы æгъæд архайдæй.
Стыр Британийы фæсарæн хъуыддæгты министрад публикаци скодта Уæрæсейы агрессийы æвдисæг видео, кæцыйы мидæг Гуырдзыстон ис уырыссаг агрессийы ранымады.
Британийы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны Twitter-ы официалон фарсыл публикацигонд видеойы дзырдæуы, цæмæй Уæрæсейы æвдисы æргом æмæ æнæцыт ахаст Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитеты æрдæм». Видеойы æвдыст цæуы азтæм гæсгæ Уæрæсейы сæххæст агресси.
Райдианæй æвдыст у 2006 аз æмæ Александр Литвиненкойы марындзинад. Йæ фæстæ цæуы 2008 аз æмæ Мæскуыйы æрдгæй Гуырдзыстоны ныхмæ сæххæст агресси, уый фæстæ та 2014 аз æмæ Уæрæсейы æрдгæй Хъырымы аннексий.
Афтæдæр æвдыст у, 2015 азы Уæрæсейы æрдгæй, Германийы парламенты æмæ Данийы хъахъхъæнынады æмæ фæсарæн хъуыддæгты министрадтæм кибер-бырст. Ранымадмæ афтæдæр хаст у Уæрæсейы æрдгæй Монтенегройы æвзæрстытæм хифæкæнын æмæ Украинæйы ныхмæ сæххæст дзырдæхæссынадон кампани.
Стыр Британийы фæсарæн хъуыддæгты министрады публикацигонд видеойы хатдзæгы куыд дзырдæуы афтæмæй, æрнымадгонд фактытæй бæрæг у, цæмæй «Кремлы фæнды æхсæнадæмон барадыл бындурæвæрд системæйы фехалын».
Фæсарæн хъуыддæгты уагдон социалон хызагы хъусын кæны, цæмæй 4 марты Солсберрийы æрцæугæ фæхъæстæйы факт, Уæрæсейы агрессийы дарддæрдзу у.
66 аздзыд Сергей Скрипал 33 аздзыд чызгимæ иумæ уадзыг уавæры сахар Солсберрийы 4 марты ссардтой. Полицийы информацийæ, сæ фæхъæстæ кæнынæн спайда кодтой нервон системæйы парализгæнæг буарад. Уый тыххæй Британи Уæрæсейы бæрзонддæр хицауадимæс алыгъуызон æмвæзадыл ахастытæ аскуыдта.