Гватемалайы вулканы скалды фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 70-мæ схызт

Гватемалайы  вулканы  стынды  фæстиуæгæн   мингай   адæймаг  фæцæф ис,  фæмардуæвджыты   нымæц та   70-йы  онг  фæфылдæр.  Минæй фылдæр æмбæстаг тыхыбын баис  сæрмагонд  хæдзар ныууадзын.

Влукан  Фуегы  скæлды   тыххæй,   президент   Джими  Моралес  расидтис 3 бонон  марой.

Вулканы  стындимæ иумæ  уыд   тæр къæвда,  цæй  тыххæй  дæр   цæугæдæттæ раивылд сты,  базиан кодтой  донвæд  системæтæ. Рæстæгмæ  нæ  кусы    æхсæнадæмон аэропорт  La Aurora.

Аэропорты   пресскуысты  куыд  хъусын кæнынц  афтæмæй,   алы  авиакомпаний  тахтыты сног кæныны  фæдыл   уынаффæ сæхæдæг хъуамæ райсæт.

Æртæ зианбаййафæг   регион,  стихион   æнамонддзинады  зонæй расидтысты.  Бæстæйы иннæ  хайы   стихийы   тыххæй    тасы    оранжхуыз   æмвæзад расидтысты.

Ирвæзынгæнæн   операци   ацы рæстæгмæ  дарддæр кæны.  Зиангондтæн   æххуысы    тыххæй  мобилизацигонд сты сæдæгай полициаг  æмæ   æфсæддон кусæг.

ИНО-йы  хъусын кæнынц, цæмæй  хъæугæ  цауы,   цæттæ сты  Гватемалайæн баххуыс кæной.