Гуырдзыстоны Украниæйы минæвар – Бузныг Гуырдзыстонæн фарсхæцæг позицийы тыххæй
Керчы донкъубалы айтынггонд фæзындтæн аргъ кæнæм куыд Уæрæсейы агрессивон архæйдты манифестацийæ æмæ Сау Денджызы агрессивон архæйдты апарахатдæр кæныны хъавдæй афтæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны Украинæйы минæвар Игорь Долгов, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ фембæлды размæ журналисттæн фехъусын кодта.
«Бузныг Гуырдзыстонæн ахæм фарсхæцæг позицийы тыххæй. Райгонд дæн фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ фембæлдæй, цæмæй йын базонын кæнон информаци Сау денджызы акваторийы Уæрæсейы агрессивон архæйдтыты тыххæй.
Сау денджыз кæддæриддæр у нæ иумæйаг сагъæсы темæ, уымæн æмæ æдасдзинад у, Гуырдзыстонæн, Украинæйæн æмæ Сау денджызы регионы æндæр бæстæтæн дæр, сегасæй фылдæр мæт кæнын цæуыл хъæуы уый. Знон цæмæ дардтам нæ хъус уый у æргом агресси æмæ æнхъæл стæм, цæмæй ИНО-йы æдасдзинады совет абон ацы фарстайыл фæтæрхон кæндзæн. Æнхъæлмæ кæсæм Украинæйы ныхмæ гарзджын агрессийæн æргом аргълæвæрдмæ. Æртæ науы æмæ экипажы 23 уæнгы Уæрæсейы «ФСБ» минæвæрттæ æрцахстой, фæлæ уыдон æрмæст се æртæйы ахст бæлвырд кæнынц. Нæ информацийæ, 23 наудзогæй 6 цæфтæ сты.
Украинаг наутыл гарзджын уырыссаг æфсæддон наутæ æхст байдыдтой æмæ сæ æрцахстой, уыдон Керчы донкъубалмæ баленк кæнын куы бафæлвардтой уæд. Мах уымæ аргъ кæнæм куыд Уæрæсейы агрессийы манифестацийæ æмæ Сау Денджызыл агрессивон архæйдтыты ауæрæхдæр кæныны хъавдæй», – райхъусын кодта Игорь Долгов.
Уырыссаг наутæ Украинæйы катертыл Одессæйы наулæууæнæй Мариуполы портмæ змæлды рæстæджы æхст райдыдтой. Инциденты фæстиуæгæн Украинæйы æхсæз æмбæстаг фæцæф сты. Украинæйы президенты минæвары хъусинагæй уырыссаг арæнхъахъхъæнджытæ ныридæгæн 20-æй фылдæр украинаг æфсæддоны æрцахстой.
Афтæма Украинæйы президент, 60 бонон хæстон уавæры райхъусын кæныны фæдыл националон æдасдзинады советы иницитивæимæ сразы ис.