Гуырдзыстоны Украинæйы минæвар - Фæнды мæ зæгъын Уæрæсейæн, ныууадзут нæ нæхи бар, Гуырдзыстон æмæ Украинæйы уæ аудындзинад ницæмæ хъæуы
Гуырдзыстоны Украинæйы минæвар æмæ Украинæйы хъахъхъæнынады министры раздæры хæдивæг Игорь Долгов Европæйы советы Уæрæсейæн хъæлæсы бар æрыздахын хоны европаг демократийы æмæ европаг хæзнатыл гадзрахатæй рацыдæй. Уый уырнæг у, цæмæй Европæйы советы политикъон элита тагъд бамбардзæн, куыд серьозонæй фæрæдыд ис уый.
«Уый цыдæриддæр Страсбургы æрцыд у, фæзынд, кæцыйы тыххæй фæхудинаг уыдзысты европаг депутаттæ – уыдон чидæриддæр Уæрæсейæн йæ фарс рахæцыд. Мах райгонд стæм уыцы фактæй, цæмæй Гуырдзыстон, Украина, Балтийыбылы бæстæтимæ, Польшæимæ иумæ ацы ситуацийы æмуд сты. Реалонæй Евросоветы Уæрæсейы Федераци 70 милуан евройæ индульгенци балхæдта, гуырдзиæгты æмæ украинæгты калд тугы тыххæй æхца бафыста. Уæрæсе бафыста суммæ Абхаз æмæ Цхинвалы регионы оккупацийы тыххæй, Хъырымы анексийы, Донбасы цæугæ хæсты тыххæй. Украинæйы æмбæстæгтæ, наудзогтæ абон дæр ахст сты Уæрæсейы ахæстæтты æнæзакъононæй, уыдон амынæты сты æмæ Уæрæсе уый тыххæй æхца бафыста, тугджын æхца», – райхъусын кодта украинаг дипломат Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналимæ эксклюзивон интервьюйы.
Минæвары дзырдæй, æнæнхъæлæджы нæу зæгъгæ цæмæй Уæрæсейы æрыздæхтæн сæхъæлæс кодтой уыцы бæстæтæ, кæцыты хицауадты хай, хæстæг сты Владимир Путинимæ.
Организаци æртæ аргъдзинадыл æнцойæввæрд у – рæстдзинад, адæймаджы бартæ æмæ закъоны сæрагдзинад. Зæгъут мын, искæцы, кæцыйы Уæрæсе хæссы?! Иу дæр нæй, иннæ дæр нæй æмæ нæдæр æртыккагы абоны Уæрсейы Федераци не æххæст кæны. Евросоветы æрдгæй й уыд гадзрахзатдзинад принциптыл æмæ Европаг демократийыл. Æнæнхъæлæджы нæу, цæмæй Уæрæсейы æрыздæхтæн схъæлæс кодтой уыцы бæстæтæ, кæцыты хицауадты хæйттæ Владимир Путинимæ хæстæг сты, æрмæст йæ ныхмæ схъæлæс кодтой алы уыцы бæстæтæ, кæцытæ уырыссаг агрессийы объектæй, иууыл цъус иу хатт уæддæр уыдысты. Мах зонæм, мах æмбарæм цæмæй цæй йас тас цæуы Кремлæй» – райхъусын кодта Игорь Долгов.
Уæрæсейы Федерацийæн хъæлæсы бары æрыздахыны ныхмæ уыдысты Гуырдзыстон, Украина, Лиетува, Латвий, Эстони, Польшæ, Швеци æмæ Иугонд Паддзахад.
Игорь Долговæн сеппæтæй тыхджындæр диссаг уыдис, Нидерландты паддазахады делегацийы æрдгæй фарсхæцын Уæрæсейæн санкцитæ аивынæн.
«Æз нæ зонын, куыд хъуамæ ныккæсой цæстытæм сæрмагонд адæмæн зæгъæм Нидерландты делегацийы уæнгтæ. Уыдон фактонæй йæ фарс рахæцыдысты уыцы бæстæйæн, кæцыйы æрдыдæй сепаратисттæ 2014 азы æрыппæрстой Боинг. Ацы Боингы растдæр Нидерландты æмбæстæгтæ бадтысты. Никуы мæ ферох уыдзæн, уыцы трагедийы рæстæджы Брюсселы уыдтæн æмæ иуæй-иу голландиаг политикъ мын загъта, зæгъгæ зын бауырнинаг у, фæлæ уыцы бортыл уæвæг алы голландиаг, нæ зонгæтæ кæнæ хæлæрттæ кæнæ хæстæджы сты, уымæн æмæ Нидерландтæ тынг чысыл бæстæ у зæгъгæ. Никуыд æмбарын, куыд рахæцыд алцыппæт уый фæстæ, ацы бæстæйы делегаци, Уæрæсейæн санкцитæ аивыны фæдыл уынаффæйæн йæ фарс?!» – райхъусын кодта Долгов Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналимæ интервьюйы рæстæджы.