Гуырдзыстоны уагъд æвзæрстыты фæдыл сенатортæ Джим Риш æмæ Джин Шахини иумæйаг фидиуæн публикаци кæнынц
АИШ-ы конгрессы æттаг ахастыты комитеты уæнг сенатор Джим Риш æмæ сенатор Джин Шахин Гуырдзыстоны ауагъд æвзæрстыты фæдыл иумæйаг расидæн парахат кæнынц.
«Æнæкæсгæ нæ фæстаг рæстæджы тыхстдзинадмæ Гуырдзыстоны демократийы ныллæгдзинады фæдыл, мах ныфс дардтам, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад йæхи бафæдзæхсдзæн сæрибар æмæ рæстадон æвзарæнон процессыл, кæцы æвдисы гуырдзиаг адæмы фæндон. Æцæгæй та ацы фæлладуадзæн бонты парламентон æвзæрстыты федтам æндæр цыдæр. ОБСЕ/ОДИПР, Æхсæнадæмон Республикон Институт, Националон Демокративон Институт æмæ ISFED-ы æрбавдыст хыгъдлæвæрдтæ æвдисынц бирæнымæц хæлдтытæ, кæцытæ нысаниуæгджынæй фæцудыдтой демократон æвзæрстыты стандарттæ. «Мах тыхст стæм æвзæрстыты боны дæсгай цаутæй, се æхсæн тыхми, æвзарæгты тæрсын кæнын æмæ хъæлæсæппæрсты æххæст кæнын, кæцытæ гæнæн ис æмæ ноджы тынгдæр бахъыгдардтой æвзæрстыты фæстиуджыты æууæнкдзинад», — банысан кодтой сенатортæ.
Джим Риш æмæ Джин Шахин сидынц АИШ-ы паддзахадон департаментмæ, цæмæй «æвæстиатæй сбæрæг кæной сайд æмæ цыфæнды æддагон æрбабырсты аххосæгтæ, нæ европæйаг хæлæрттимæ æмгуыстадæй, цæмæй сбæрæг кæной, цас серьезонæй бандæвта уый æвзæрстыты фæстиуæгтыл». Аххосджынты хъæуы æфхæрын».
«Ай у тæссаг этап Гуырдзыстонæн. Хицаугæнæг парти «Гуырдзиаг Бæллицц» хъуамæ æмбара, цæмæй йæ архæйдтытæн гæнæн ис æмæ уа æвæстиат фæстиуджытæ экономикон æмæ æдасдзинады боны фæткæн. Уæрæсейæн æнæдызæрдыгæй пайда уыд дихдзинад æмæ дезинформацийы тауæнæй. Мах нымайæм гуырдзиаг адæмы бар, кæд æмæ афтæ равзарой, сабырадон протест расидой æмæ Гуырдзыстоны хицауадмæ сидæм ацы алкæмæй нысаниуæгджын демокративон барæн кад кæной.
Куы бахъæуа, уæд нæ дыууæпартион закъондæттынадмæ, Гуырдзыстоны адæмон актмæ бахæсдзыстæм уæлæмхас ивæндзинæдтæ, цæмæй æвзарæнон процессы фальсификацийы æмæ манипуляцийы бæрнджынтæ дзуапп дæттой. АИШ-ы сенат æххæстæй йæ фарсыл хæцы гуырдзиаг адæмы демокративон тырнындзинæдтæн» -ис фыст фидиуæны.