Гуырдзыстоны уæвæг фæсарæйнаг æмбæстæгтæн легалонæй уæвыны æмгъуыд фыццаг июлмæ адарддæр кодтой
Глобалон пандемийæ расайгæ арæнæвæрдтæм гæсгæйæ, Гуырдзыстоны уæвæг фæсарæйнаг æмбæстæгтæн легалонæй уæвыны æмгъуыд адарддæр ис фыццаг июлмæ – уый фæдыл информаци ахæлиу кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.
Министрады хъусинагæй, Гуырдызстоны уæвæг фæсарæйнагæтæ кæнæ æмбæстагад кæмæ нæй ахæм гоймæгтæ, кæцытæ 2020 азы 14 марты онг легалонæй уыдысты Гуырдзыстоны территорийыл æмæ глобалон пандемийæ расайгæ арæнæвæрдты тыххæй сын нæ бантыстис бæстæ ныууадзын закононæй уæвыны æмгъуыд аивгъуыды онг, уыдзæн сæм бар баззайæт Гуырдзыстоны территорийыл 2021 азы фыццаг июлы онг.
Ацы рæстæджы, Гуырдзыстоны территорийыл уæвын нымад цæудзæн закъононæй Гуырдзыстоны цæрыны бар райсыны нысанæн дæр, æмбæлгæ критеритæ сæххæст кæныны цау.
«Фæнысанкæнинаг у,ц æмæй æмбæлгæ барамынды ивддзинæдтæ сыххæст кæныны онг, Гуырдзыстоны уæвæг фæсарæйнаг æмбæстæгтæн легалонæй уæвыны æмгъуыд цæугæ азы 31 декабры уыд» – банысангонд у информацийы.