16 февралы Гуырдзыстоны æнхъæлмæ кæсинаг у кæъвда, уæлхох рæтты митуард, иуæй-иу ран фидар, 17-18 февралы уæлдæфы нысаниуæгджын фæуазал, дæлдзырæттæ, фылдæр митуарды хуызæй, уæлхох рæтты тымыгъ, денджызыл 3-4 баллы шторм.
Æрдзы националон агентады хъусинагæй, æнхъæлмæкæсинаг фидар дæлдзырæттæ гæнæн ис ныгуылæн Гуырдзыстоны цæугæдæттыл доны бæрзæнды нысаниуæгджын фæфылдæр, уæлхох зонæты та миты зæйты сæвзæрд æмæ сыджытлæсæн процессты сæвзæрд расайа.
Автомобилон фæндæгты хицæн фадгуытыл митуарды, тымыгъы, кæлæхы æмæ зæйы тасы тыххæй, гæнæн ис. арæнæвæрд æрцæуа транспорты змæлд.
19-22 февралы æхсæвы сахатты фæтыхджын уыдзæн хъызт, ныгуылæн Гуырдзыстоны тæрфы -4,-6, Квемо Картлийы кæмтты -5,-7 æмæ Шида Картлийы кæмтты -11,-13 градусы онг.