Гуырдзыстоны туркаг хомæгæй арызт  продукцийы Евроцæдисы базармæ уæгъдибар базарадон режимæй аласын уыдзæн гæнæн
Гуырдзыстоны туркаг хомæгæй арызт продукцийы Евроцæдисы базармæ уæгъдибар базарадон режимæй аласын уыдзæн гæнæн

Гуырдзыстоны æмæ Турчы  æхсæн  ног бадзырд скусын кæнын ахъаз  уыдзæн.  Туркæй инвестицитæн  Гуырдзыстоны  экономикæйы  къухаразæг уыдзæн  иу иумæйаг компаниты бындурæвæрдæн  æмæ  ног куыстбынæттæ  сæвзæрын кæнынæн, – уый фæдыл  Турчы Гуырдзыстоны минæварады   ахæлиугонд информацийы  мидæг дзырдæуы.

Минæварады  информацийæ, 10 февралы  Турчы  Республикæйы  парламент  ратификаци скодта Турчы Республикæ æмæ  Гуырдзыстоны æхсæн  сæрибар базарады  бадзырдæй рацæугæ  иумæйаг комитеты  N1/2016 уынаффæ.

Гуырдзыстоны минæварады куыд  дзурын уымæ гæсгæйæ,   зæгъгæ фæнысангонд уынаффæ   уæлдай фадæттæ  фегом кæндзæн Турк æмæ Гуырдзыстоны бизнестæн, цæмæй  райрæзын  кæной иумæйаг экспорт Евроцæдисы базармæ.

«Уæлдæрбанысангонд документæй, афтæдæр рагхыгъд у  Гуырдзыстоны  туркаг  хомæгæй арызт  продукцийы  экспортмæ  ахæссын Евроцæдисы базармæ,  сæрибар  базарадон режимæй.  Фæнысангонд бадзырд райрæзын  кæндзæн уыцы  продукцийы  ассортимент, кæцыйы  Евроцæдисмæ аласын  уыдзæн   гæнæн æмæ кæцымæ  гæсгæ дæр,  пайда фендзысты куыд Гуырдзыстоны, афтæ Турчы бизнес.  Уыимæ иумæ ма Гуырдзыстоны æмæ Турчы  æхсæн  ног бадзырд скусын кæнын ахъаз  уыдзæн  Туркæй инвестицитæн  Гуырдзыстоны  экономикæйы,  къухаразæг уыдзæн  иу иумæйаг компаниты бындурæвæрдæн  æмæ  ног куыстбынæттæ  сæвзæрын кæнынæн», – дзырæдуы  Турчы Гуырдзыстоны минæварады  информацийы.