Гуырдзыстоны сезонон гриппы вирус фæбæрæг ис. Низты контролы националон центры веб-фарсыл публикацигонд бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, ивгъуыд къуырийы «Б» типы вирус цæугæ сезоны фыццаг хатт фæбæрæг ис. «А» типы вирусы циркуляци та нырмæ нæ фæбæрæг ис.
Знон низты контролы æмæ æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе райхуъсын кодта, цæмæй бæстæйы гриппы вакцинæ æгъгъæд бæрцæй ис æмæ алкæмæн у йæ бон вакцинаци скæнын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, вакцинацийы процессы алыгъуызон барьертæ ист æрцыдысты. Гамхърелидзейы информацийæ, бæстæйы гриппы вакцинæйы 65 мины онг дозæ ис.
«Курæг уæ дæн, спайда кæнат уыцы æнхъарæнæй, кæцы сарызта паддзахад. Ацы аз 235 мин дозæ балхæдта паддзахад æмæ гриппы ныхмæ хос бафтауæм. Ноджы иу хатт хъусын кæнын сывæрджынтæн, уыдонæн æнæхъæн сезоныл уыдзæн дозæты бæрæг бæрц æвæрд. Хорз уайид кæд æмæ алы сывæрджын ацæудзæн вакцинаци»,- загъта Амиран Гамхърелидзе.