Гуырдзыстоны регионтæй  Украинамæ гуманитарон уаргъы арвитыны дыккаг этап райдыдта
Гуырдзыстоны регионтæй Украинамæ гуманитарон уаргъы арвитыны дыккаг этап райдыдта

 

Гуырдзыстоны регионтæй  украинаг адæмæн  баххуыс кæнынæн, Украинамæ  гуманитарон уæз арвитыны дыккаг этап   райдыдта.  Хицауады пресс-куысты  информацийæ, фæнысангонд  уынаффæ Гуырдзыстоны премьер-министр рахаста, кæцы регионты  паддзахадон æвджидонты  æмæ  хицауады регионтимæ  ахастыты департаментимæ  иумæ,  иуæймагæй цæуы  æххæст.

Афтæма сæ хъусинагæй,  уæзы  бамбырд кæныны процесс, паддзахадон уагдæттимæ иумæ баст у  бизнес æмæ æмбæстагон  сектор.

«Дыккаг этапыл, Гуырдзыстоны масштабæй  120  тоннæ  уæзы  мобилизаци æрцыд, сæ нымæцы 90 тоннæ  регионтæй. Уаргъ  фылдæр у  медицинон  нысаниуæгы  продукцийæ.  Ацы этапыл Тбилисы, Гуырдзыстоны посты терминалы хурыскæсæн  регионты  мобилизацигонд  уаргъ æрымбырд ис, кæцы  уæзласæн автомобилты сæвæрдзысты æмæ Украинайы  сурзæххон  æмбæлгæ  процедурæтæ ацыды фæстæ  æрцæудзæн æрвыст.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй уый  Украинайы  регионтæй  гуманитарон  уаргъ арвитыны  дыккаг этап у. Банысан кæнын хъæуы, цæмæй  украинаг адæмæн  æххуыс цылдæр боны размæ  Гуырдзыстоны регионты бамбырдгонд 150 тоннæйæ  фылдæр гуманитарон  уаргъ æрцыд æрвыст» – банысангонд у  пресс-куысты  информацийы.