Абон Гуырдзыстоны фылдæр районты æнхъæлмæкæсинаг у къæвда, Уæлхох регионты та мит, æрмæст 3 январæй, куыд хурыскæсæн афтæдæр ныгуылæн Гуырдзыстоны, синоптиктæ æнхъæлмæкæсынц боныгъæды фæхуыздæрмæ – уый фæдыл Фыццаг Каналæн æрдзы националон агентады гидрометеорологион прогнозты куысты хистæр Светалан Ниорадзе фехъусын кодта.
«2 январы скæсæн Гуырдызстоны ныллæг зонæты иуæй-иу рæтты уыдзæн къæвда, Æфцæгы уардзæн мит. Изæрырæм рахъарм уыдзæн, фæлæ æхсвы сахатты хицæн районты уыдзæн къæвда бон. Ныгуылæн Гуырдзыстоны уæлдæфы температурæ рахъарм уыдзæн, æмæ кæд абон 6-11 градус у, уæд сом температурæ уыдзæн 17 градусы æмæ къæвда дæр байнцайдзæн.
Скæсæн Гуырдзыстоны фылдæр хайы уæлдæфы температурæ уыдзæн 7-12 градусы.
4 январы афтæдæр сур бонтæ уыдзæн ныгуылæн Гуырдзыстоны, уæлдæфы температурæ та 13-18 градусы фæлгæтты уыдзæн. Хурыскæсæн Гуырдзыстоны температурæ уыдзæн 7-12 градусы. Æхсæвы сахатты хурыскæсæны иуæй-иу рæтты гæнæн ис æруара.
5 январы боны фыццаг æрдæджы сур бон уыдзæн куыд скæсæны- афтæдæр ныгуылæны, боны дыккаг æрдæгæй та, иуæй-иу рæтты гæнæн ис æруара» – хъусын кæны Светлана Ниорадзе.