Гуырдзыстоны Рæстдинон  аргъуан  бæрæгбон кæны Джеоргуыба
Гуырдзыстоны Рæстдинон аргъуан бæрæгбон кæны Джеоргуыба

Гуырдзыстоны Рæстдинон  аргъуан 23  ноябры  банысан кæны Сыгъдæг Георгийы цалхыл хъизæмары бон.  Бæрæгбонмæ  гæсгæ  алы архайæг аргъуан-моладзандоны, бæрæгæбонон Хуыцаумæ скуывд  цæуы.

Самебайы кафедралон  аргъуаны, бæрæгбонон скуывд   æххæст кæны  Патриархы  къæлæтджын хъахъхъæнæг Шио.

Гуырдзыстоны Рæстдинон  аргъуан, Джеоргуыба афæдзы  мидæг дыууæ  хатт бæрæгбон кæнынц –   6 майы  Сыгъдæджы адзалы бон æмæ 23  ноябры, цалхыл йæ  хъизæмары бон.  23  ноябры  бæрæгбон  схонынц  гуырдзиагæй,  уымæн  æмæ æндæр  аргъуантæм  ист æрцыд Гуырдзыстонæй.

Сыгъдæг  диссæгтаразæг  Георгий  гуырдзиаг  адæмы  армдарæгыл нымад цæуы æмæ йын Гуырдзыстоны сæрмагондæй кад кæнынц.