Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуан мысы12 апостолы, бæрæгбон кæны Светицховлоба [фото]
Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуан «абон «Сыгъдæг 12 апостолы æмбырды», – Светицховлоба бæрæгбон кæны. Светицховелийы кафералон аргъуан арызт у 12 апостолы номыл, цæй тыххæй дæр 13 июлы бæрæгбон Светицховлобайæ дæр схонынц.
Бæрæгбонмæ гæсгæ Светицовелийы патриархон аргъуаны бæрæгбонон литурги цæуы.
Светицховлобайы бæрæгбоны абон сты Сыгъдæг Нинойы фæдонты къорд, кæцытæ Параваны цадæй фистæгæй æрцыдысты. Балц Параваны цадæй Светицховелийы аргъуанмæ традицион равг хæссы æмæ 30 азæй фылдæр у цы дарддæр кæны.
Сыгъдæг Евангелимæ гæсгæйæ, Йесо Чырысти 12 апостолы равзæрста. Уыдонæй сæ иу Иуда Искариотаг æй стæй гадзрахатæй рацыд. Стæй уый бæсты Царддæттæг Матфийы равзæрста кæцы чырыстон дин амыдта Гуырдзыстоны. Ацы бон аргъуан сыгъдæг апостолты: Петр æмæ йæ фсымæр Андрейы, Иаковы æмæ йæ фсымæр Иоаны, Филлиппы, Варфоломейы, Фома, Матвейы, Иаков Алфесы, Иуда Иаковы (Феддейы) Симон Хæлæггæнæгы æмæ Матфийы мысы.
Светицховлоба афадзæы мидæг дыууæ хатт сбæрæгбон кæнынц, -14 октябры æмæ 13 июлы.